Керчы донкъубалы уæвæг уавæрмæ гæсгæ Евроцæдис гæнæн ис Уæрæсейæн уæлæмхас санкцитæ сбæлвырд кæна
Керчы донкъубалы уæвæг уавæрмæ гæсгæ  Евроцæдис  гæнæн ис  Уæрæсейæн уæлæмхас  санкцитæ  сбæлвырд кæна

Украинæйы  фарстаты  АИШ-ы  специалон  минæвары, Курт Волкеры  фидиуæнæй,  Евроцæдис  гæнæн ис  Уæрæсейæн  Керчы донкъубалы уæвæг уавæрмæ гæсгæ  уæлæмхас  санкцитæ  сбæлвырд кæна.

Волкеры  дзырдæй, санкцитæм  гæсгæ Брюсселы  активон дискусси  цæуы.

«Алчи æмбары, цæмæй  фæстагмæ æрцæугæ  фактытæм гæсгæ,  æнæмæнгхъæугæ у уæлæмхас дзуапп  санкцциты хуызæй, æмæ  ацы  инициативæйæн  Евроцæдисы æрдгæй  æнцойад ис.  Дис нæ фæкæндзынæн, кæд уый æввахс  иу кæнæ дыууæ  мæймæ  æрцæуа» – райхъусын кодта Курт Волкер.