Керчы донкъубалы айтынггонд фæзындтæм гæсгæ, ИНО-йы æдасдзинады совет абон уæлрадон рабадт ауадздзæн
Керчы донкъубалы айтынггонд фæзындтæм гæсгæ, ИНО-йы æдасдзинады совет изæры уæлрадон рабадт ауадздзæн. Уый фæдыл ИНО-йы АИШ-ы иугæндзонархайæг минæвар Ники Хейли социалон хызаг «Твиттеры» ныффыста.
Æдасдзинады соеты уæлрадон рабадт, Тбилисы рæстæгæй 20:0 сахатыл райдайдзæн.
Агентад «Франс Прессы» информацийæ, ИНО-йы æдасдзинады советы рабадт æрхуыдтой Украинæ æмæ Уæрæсе. ИНО-йы Уæрæсейы иугæндзонархайæг минæвары хæдивæг Дмитрий Полянский куыд райхъусын кодта афтæмæй, Мæскуы рабадт æрхуыдта Азовы денджызы ситуацийы тæссаг айтынгы тыххæй.
Йæхи æрдгæй Украинæйы минæвар ИНО-йы Владимир Ельченко хъусын кæны, цæмæй Украинаг фарс ИНО-йы æдасдзинады советы рабадтмæ Уæрæсейы агрессивон архæйдты тыххæй æрсидтис.
«Президент Порошенкойы барамындæй, сидын ИНО-йы æдасдзинады советмæ. Агрессоры налат архæйдытыт фæуромын æрмæстдæр координиргонд тыхархайды руаджы ис гæнæн» – фыссы украинаг Дипломат Твиттеры.
Уырыссаг наутæ Украинæйы катертыл Одессæйы наулæууæнæй Мариуполы портмæ змæлды рæстæджы æхст райдыдтой. Инциденты фæстиуæгæн Украинæйы æхсæз æмбæстаг фæцæф сты. Украинæйы президенты минæвары хъусинагæй уырыссаг арæнхъахъхъæнджытæ ныридæгæн 20-æй фылдæр украинаг æфсæддоны æрцахстой.
Украинæйы президент, 60 бонон хæстон уавæры райхъусын кæныны фæдыл националон æдасдзинады советы инцитиативæимæ сразы ис.