Келли Дегнан – Ныфс мæ ис, цæмæй паддзахадон инспекторы куысты раздæры къухдариуæггæнæгы хъасты æркæсыны онг, ног кандидатты сбæлвырд-снысан нæ сыххæст уыдзæн
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ фембæлд.
Фембæлды фæстæ минæвар журналисттæн куыд загъта афтæмæй, Шалва Папуашвилиимæ цалдæр нысаниуæгджын темæ æркастысты, сæ нымæцы паддзахадон инспекторы куысты æмæ бæрæггæнæнтæ хъахъъæды куысты къухдариуæггæнджыты снысан кæныны фарста.
Келли дегнаны дзырдæй, зæгъгæ нысаниуæгджын у, цæмæй ног паддзахадон инспектор æмбæлгæ æмгъуыдтæм снысан уыдзæн.
Уыимæ, минæвар ныфс дары, цæмæй цалынмæ конституцион тæрхондон паддзахадон инспекторы куысты раздæры къухдариуæггæнæгы хъаст не ркæсдзæн, уæдмæ ног кандидатты сбæлвырд-снысан нæ сыххæст уыдзæн.
«Куыд æй зонут афтæмæй, конституцион тæрхондонмæ бавдысæуыд хъаст паддзахадон инспекторы йæ куыстæй сисыны фæдыл, уымæн закъонæй бæрæг 3 азон æмгъуыд куы уыдис, йæ ныхмæ нæ уыд ницы хъаст кæнæ æндæр претензитæ. Ныфс дарæм, цæмæй конституцион тæрхондон уый тыххæй рахæсдзæн уынаффæ æмæ ног кандидатты сбæлвырд-снысан нæ сыххæст уыдзæн, цалынмæ конституцион тæрхондонæн нæ уыдзæн фадат уынаффæ рахæссын» – загъта Келли Дегнан.