Келли Дегнан – курæг стæм парламентæй, ногæй æркæсут, фæстæмæ йæ ахæссут закъон, уый нæхъуаджы у, не мбæлы Гуырдзыстоны хуыздæр интерестæм
Нæ архайдтæ нæ уадзæм, цæмæй бауырнын кæнæм хицауад, ома ацы закъонмæ гæсгæ размæцыд ма хъуамæ уа, – ацы фидиуæн Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан, «Халхис Дзалайы» бавдыст закъонопроекты фæдыл сарызта.
Минæвары дзырдæй, зæгъгæ парламент хъуамæ ногæй æркæса цас хъæугæ у ацы закъонопроект.
«АИШ-æ, ИНО, Евроцæдис, Евросовет, Гуырдзыстоны бирæ хæлæрттæ равдыстой арв сагъæс ацы закъоны тыххæй, кæцы стыр æввæццæггæнадæй æмсбæстагон дзыллæй стигматизаци скæндзæн, æнхъæлцауы, басусæг кæндзæн хæдбар медиайы, хаъуджы хъуыды, куыд ацы закъон уый сарызта Уæрæсæйы æмæ уый хуызæн бæстæты. Курæг стæм парламентмæ, ногæй æркæсæт цас хъæугæ у ацы закъонопроект. Уый æнæмæнгхъæугæ нæу. Ис æргомдзыинад, цæмæй куыд пайда кæнынц ам фæсарæйнаг æххуысæй. Ацы закъонæн уыдзæн пырхгæнæг эффект Гуырдзыстоны кусæг организацитæн, цæмæй хæрзаудæн куыст кæной, баххуыс кæной зын уавæры уæвæг Гуырдзстоны æмбæстæгтæн. Ацы закъон нæу хъæугæ æмæ мах курæг стæм парламентæй, ногæй æркæсут, фæстæмæ йæ ахæссут, уый нæхъæугæ у æмæ не мбæлы Гуырдзыстоны интерестæм», – райхъусын кодта минæвар.