Келли Дегнан - Гуырдзыстоны æрвыст фондз мæйы фæстæ мын æнцонæмбарæн у, цæмæй америкæгтæн æмæ гуырдзиæгтæн фидар хæлардзинад ис
Абоны бон нын ноджюы иу бакой кодта, цæмæй æххæстаргъджын бастдзинад сфидар кæнынæн цæугæ тох, кæцы ифтонг кæны æмбарад æмæ уыцы барты хъахъхъæд, кæцы нымад у декларацийы, никуы фæлæууы – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан райхъусын кодта.
Келли Дегнан фæныхас кодта АИШ-ы хæдбарады 244-æм азы сæры тыххæй.
«Мæ æмбæстон америкæгтæн æмæ Гуырдзыстоны уæвæг мæ зынаргъ хæлæрттæн амондджын 4 июль куыд уа уый сын зæгъы мæ зæрдæ. Ацы бон америкаг лидертæ райхъусын кодтой хæдбардзинады фæдыл. Америкæгтæ АИШ-ы хæдбарады деклараци зæгъæн ис зæрдывæрдæй зонынц. Ацы ныхæстæ уый йас фидар æмæ тыхджын сты, куыд 244 азы размæ, декларацийы фыццаг хатт куы ныффыстæуыд, цæмæй алы адæймаг дæр у æмсæр æмæ цæрыны, сæрибардзинады, афарны æрдæм тырнынады бар æнæфæцагайгæ у. Ацы бар бахъахъхъæнынæн архайынц хицауадтæ. 11 азы фæстæ АИШ-ы конституци райстой, кæцыйы мидæг ныффыстой демокративон проекты структурæ, кæцы аразын дарддæр кæнæм абон дæр. Абоны бон нын ноджюы иу бакой кодта, цæмæй æххæстаргъджын бастдзинад сфидар кæнынæн цæугæ тох, кæцы ифтонг кæны æмбарад æмæ уыцы барты хъахъхъæд, кæцы нымад у декларацийы, никуы фæлæууы. Уыцы процесс та домы æхсардзинад æмæ уырнынад, цæмæй сæххæст уа ивындзинæдтæ, кæцытæ ивынц статус-кво æмæ фæндаг фегом кæнынц прогрессæн» – райхъусын кодта Келли Дегнан.
Келли Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ АИШ-æ куы бæрæгбон кæны Хæдбардзинады 244-æм азы сæры, уæд дисæфтауæг у уый куыд даргъ фæндаг рацыдис æмæ ма ноджы цас саразын хъæуы, цæмæй хæдбардзинады декларацийы тырнынадтæ, ома АИШ-ы кæцыфæнды æмбæстагæн æмиасæй уа, цæрыны, сæрибардзинады æмæ фарны бар.
«Гуырдзыстоны æрвыст фондз мæйы фæстæ, æнцонæмбарæн мын у, цæмæй америкæгтæн æмæ гуырдзиæгтæн ис фидар хæлардзинад. Гуырдзиæгтæ дæр раст афтæ сæрибаруарзаг адæм стут, бирæ тох кæнын уæ бахъуыд хæдбардзинады тыххæй. Æцæг æхсардзинад æмæ уырнынады равдыстат, кæцы фæбæрæг ис демокративон реформæты, кæцытæ ауагъдтат фæстаг дæсгай азты дæргъы. Гуырдзиæгтæм, афтæ куыд америкæгтæм ис фæнд уæззау куыст сыххæст кæнын, кæцы æнæмæнгхъæугæ у уæ бæстæ фæивынæн, цæмæй Гуырдзыстон уа ахæм , цахæммæ дæр бæллут – сæрибар, æдас, дидинæфтыд æмæ демокративон. Гуырдзиаг æмæ америкагмæ фидар бастдзинад ис. Ай у æнæрмæст тох фундаментон демокративон бартæн, фæлæ ма дæргъвæтин тыхархайд, цæмæй демокративон институттæ фæтыхджындæр уой æмæ сæм фылдæр минæвæрттæ уа. Мæнæн стыр намысы хæс у Гуырдзыстонмæ æмкуысткæнынад дарддæр кæнын æмæ АИШ-ы гуырæнбон гуырдзиаг хæлæрттимæ иумæ сбæрæгбон кæнын» – райхъусын кодта минæвар.