Келли Дегнан - Гуырдзыстон  фæстаг азты,  егъау  прогрессмæ  æрцыд æмæ йæ нырма ноджы бирæ  саразын хъæуы
Келли Дегнан - Гуырдзыстон фæстаг азты, егъау прогрессмæ æрцыд æмæ йæ нырма ноджы бирæ саразын хъæуы

Мæнæн  стыр кад  у  службæ  кæнын Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары бынатыл,  нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын  уыцы  фидар партнерад адарддæр кæнынмæ,  кæцы  АИШ æмæ Гуырдзыстонæн ис –   уый  фæдыл   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар  Келли Дегнан,  Тбилисмæ æрцыды фæстæ   райхъсын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон  фæстаг азты,  егъау  прогрессмæ  æрцыд æимæ  нырма йæ ноджы  бирæ   цыдæр саразын хъæуы.

«Салам, тынг райын,  кæдæй-уæдæй  æрцыдтæн!  Мæнæн стыр кад  у  службæ  кæнын Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары бынатыл,  нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын  уыцы  фидар партнерад адарддæр кæнынмæ,  кæцы  АИШ æмæ Гуырдзыстонæн ис. Зæгъæн ис 30 азы  дæргъы   иумæ  кусæм,  цæмæй  баххус  кæнæм   Гуырдзыстонæн   демокративон институтты æмæ    процесстæ  арæзтады, экономикæйы  диверсифицир кæныны, ахуырад æмæ   æнæнизхъахъхъæды  системæты фæхуыздæр кæныны  æмæ    цæй зæгъын æй хъæуы,    Гуырдзыстоны  амалхъомдзинад  фæтыхджындæр кæныны,    сæрмагонд арæнты æмæ æмбæстæгты бахъахъхъæнын хъом  уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Гуырдзыстон æрцыд   егъау  прогрессмæ фæстаг азты, æмæ  йæ  ноджы бирæ   цыдæр саразын хæъуы.

Нæбахсгæйæ   æнхъæлмæ кæсы,   кæд æрывналдзынæн хæстæ æххæст кæнынмæ, цæмæй  баххуыс кæнон  Гуырдзыстонæн. Минæварады  балимæ иумæ, æмæ æрцæуа мсæрмгаонд  цæстæнгасмæ,  кæцы  йæ хъуыдыйы дары стабилон, дидинæфтыд  æмæ æдас Гуырдызстон»- райхъусын кодта Келли Дегнан.

АИШ-ы  ног минæвар Гуырдзыстонмæ абон æрцыд.

Урс Хæдзар,  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары  бынатмæ,   Келли Дегнаны   сентябры  раразмæ кодта, сенат та йæ  кандидатурæ  декабры  сфидар  кодта.  Келли Дегнан ардхæрды  церемони   17  январы  рацыд.  Ардхæрды  церемони   АИШ-ы паддзахадон департаменты  ацыд.