АИШ- ы  ног минæвар  Келли Дегнан Гуырдзыстонмæ æрцыд
АИШ- ы ног минæвар Келли Дегнан Гуырдзыстонмæ æрцыд

Америкæйы Иугонд Штатты  ног минæвар   Келли Дегнан   ныридæгæн Гуырдзыстоны ис.  Уый фæдыл   социалон хызагы  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварад   фыссы.

«Америкæйы  минæварад  райгонд у,  фехъусын уын кæна  минæар Келли Дегнаны   Тбилисы  æхсæнадæмон аэропортмæ  æрцыды тыххæй.

Арфæ уын кæнæм  Гуырдзыстоны, цытджын минæвар. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм  Иугонд Штатты æмæ   Гуырдзыстоны æхсæн   партнерад  фæфидардæр кæнынæн, нæ иумæйаг куыстмæ»- банысан кодтой минæварады.

Урс Хæдзар,  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары  бынатмæ,   Келли Дегнаны   сентябры  раразмæ кодта, сенат та йæ  кандидатурæ  декабры  сфидар  кодта.  Келли Дегнан ардхæрды  церемони   17  январы  рацыд.  Ардхæрды  церемони   АИШ-ы паддзахадон департаменты  ацыд.