АИШ-ы минæварад - Знаггадгæнæг информаци, кæцы бæлвырд кæны кæнæ йæ хъуыды дары цæмæй минæварады кусджытæ æхца систой лобистон фирмæтæй, иунысанонæй мæнг æмæ æнæбæрнон у
Америкæйы Иугонд Штаттæ мæстыдзинад æвдисы минæварады æмæ минæварады кусджыты куыстыфæдыл ахæлиугонд информацийы тыххæй æмæ фæнысангонд факты дезинформацийæ хоны. Уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
«Америкæйы Иугонд Штаттæ, Тбилис æмæ Вашингтоны, мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ фæстаг бонты дæргъы АИШ-ы минæварады æмæ нæ кусджыты куысты фæдыл иуæй-иу медиафæрæзты публикацигонд дезинформацийы æмæ политикон архайджыты æрдгæй ацы дезинформацийы ахæлиуы тыххæй.
Куыд банысан кодтам афтæмæй, Тбилисы АИШ-ы минæварад ничи иста хайад раздæры президент Михеил Саакашвилийы лобистон куыстыты æмæ нæдæр йæ лобисттæн баххуыс кодта кæцыфæнды фембæлды организацидзинад. Знаггадгæнæг информаци, кæцы бæлвырд кæны кæнæ йæ хъуыды дары, цæмæй минæварады кусджытæ æхца систой лобистон фирмæтæй, иунысанонæй мæнг æмæ æнæбæрнон у», – банысангонд у фидиуæны.