Келли Дегнан - АИШ-ы  æцæгæй  фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны  æвзæрстытæ  ацæуæт  æнæкуылымпыйæ
Келли Дегнан - АИШ-ы æцæгæй фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны æвзæрстытæ ацæуæт æнæкуылымпыйæ

АИШ-ы  æцæгæй  фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны  æвзæрстытæ  ацæуæт  æнæкуылымпыйæ, –  загъта   Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар   Келли Дегнан,  æхсæнадон хъуыддæгты офицеры  хæстæ æххæстгæнæг  Кристофер  Андерсонимæ  ныхасы, кæцы рæстæджы Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты Америкæйы позицийы  æмæ нæ дыууæ бæстæйы  стратегион  партнерады  Америкæйы  президентон  æвзæрстыты æндæвдады  фæдыл  ныхас  кодта.  Интервьюйы ныффыст ахæлиу кодта  Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварад.

«Хуымæтæгæй зæгъин адæмæн,  дарут маскæ, хъахъхъæнут социалон дистанци  æмæ уæ курæг дæн,   рацæут æвзæрстытæм.  АИШ-ы  æцæгæй  фæнды,  цæмæй Гуырдзыстоны æвзæрстытæ ацæуа æнæкуылмпыйæ.  Нырид стыр куыст сыххæст ис уый тыххæй,  цæмæй   адæм æдæрсгæйæ  схъæлæс кæнеой,  æнæкæсгæ  ковид-пандемимæ.

Æппынфæстаг, ацы æвзæрстыты  æнтыст баст у Гуырдзыстоны  хицауадыл æмæ  Гуырдзыстоны  адæмыл.  Ныфс  дарæм,  цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ  райсдзысты  хайад  æвзæрстыты æмæ  сæ бакуырндзæн, цæмæй   сæ  хъæлæс  сфиксир уыдзæн  æвзарæнон асыккы цур.   Гуырдзиаг  адæмыл  у баст уый,  цæмæй  сæ чи фæнды уа сæ  бæстæйы  хицауады.

АИШ-æм нæй  фаворит  кандидат. Нæй нын фаворит парти. Æмкуыст кæнæм  кæцыфæнды партиимæ, кæцы йы легитимонæй сывзардзысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ.  Нæхъусдард зхдæхт  у  фæстиуджытыл нæ фæлæ, рæстаг  процессы æрдæм», – хъусын кæны Келли Дегнан.