Келли Дегнан - æнхъæлмæ кæсæм æмгуыстад ноджы апарахат кæнынмæ, цæмæй Гуырдзыстонмæ фылдæр америкаг инвестицитæ æрбаласæм
Æнхъæлмæ кæсæм нæ æмгуыстады ноджы апарахат кæнынмæ Гуырдзыстонмæ фылдæр америкаг инвестицитæ æрбаласынæн –уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Келли Дегнан экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнаваимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Нысаниуæгджын фембæлд мын уыд министримæ. Нæ æмгуыстад бирæ æрæдæмадæй парахат кæны, кæцы нырид йæ хайбавæрд кæны Гуырдзыстоны экономикæйы рæзынады. Нæ нысан у, баххуыс уæм Гуырдзыстонæн, сифтонг кæна фарн бæстæйы алы регионы.
Ис нын уæрæх æмæ гуырахстджын программæтæ энергетикæйы, лыстæг æмæ астæуккаг амалиуæгады, хъæууон хæдзарады æмæ денджызон секторы æрдæмадæй. Æнгом æмгуыст кæнæм министримæ æмæ экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрадимæ æмæ æнхъæлмæ кæсæм нæ æмгуыстад ноджы апарахат кæнынмæ, цæмæй Гуырдзыстонмæ фылдæр америкаг инвестицитæ æрбаласæм» райхъусын кодта Келли Дегнан.
Информаци хъусын кæны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрад.