Католикон дуне 17 апрелы бæрæгбон кæны Куадзæн. Бæрæгбоны размæ уыд 40 бонон комдарæн.
Тбилисы Мады Майрæмы уæларвмæ схизыны кафедралон аргъуаны дысон æхсæвæй ацыд пасекы литурги.
«Ай у сегасдæр стыр æхсæв, чырыстон куы ма хъуамæ бафынæй уа ахæм. Ац ыæхсæв Чырысти æрыздæхт зындонæй, уый фæтых ис мæлæтыл, тæригъæдыл, хæйрæгыл æмæ мæрдтæй райгас. Фæнды мæ раарфæ кæнын католикон диныл æххæст чи у алкæмæн ацы стыр бæрæгбон» банысан кодта Тбилисы Мады Майрæмы уæларвмæ схизыны кафедралон аргъуаны разамонæг, фыд Зураб Какачишвили.
Уыимæ, аргъуаны æрымбырдæуæвджытæн Гуырдзыстоны хицауады номæй бæрæгбон раарфæ кодта премьер-министры дæлбар уæвæг религийы фарстаты паддзахадон агентады сæрдар Заза Вашахъмадзе.