«Картули Оцнебайы» сæрдар, Иракълэ Къобахидзейы къухдариуæгæй, дарддæр кæны хицаугæнæг партийы делегацийы визит Китайы Адæмон Республикæмæ
«Картули Оцнебайы» сæрдр Иракълэ Къобахидзейы къухдариуæгæй дарддæр кæны, хицаугæнæг партийы делегацийы визит Китайы Адæмон Республикæмæ.
Делегацийы уæнгтæ абон Китайы национ адæмон конгрессы презедиумы сæрдары хæдивæг Сяо Дзиеимæ фембæлдысты.
«Дарддæр кæны нæ визит Китаймæ, фембæлдыстæм Китайы национ адæмон конгрессы презедиумы сæрдары, кæнæ та парламенты сæрдары хæдивæг Сяо Дзиеимæ. Бадзырд нын уыж дыууæфарсон æмгуыстадыл Китайы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн. Ацы æмгуыстады парламентон къабаз дæр иттæг нысаниуæгджын у. Ныхас нын уыд куыд политикон æстæнгасæй, афтæ экономикон, культурон сферæты æмгуыстадыл. Дыууæфарсон ахастыты алы барæн æмбæрцæй нысаниуæгджн у махæн. Бавнæлдтам абсолютонæй алы æрдæмадмæ, разагъдæуыд фарсдарын нæ бæстæйы уыцы процесстæм, кæцы баст сты æмгуыстады дарддæр фæарфдæримæ. Китай йæ фарсдары Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, нæ суверенитетæн, афтæма мах йæ фарс хæцæм иу Китайы принципæн æмæ уый фæдыл абон хицауады сæрмагонд фидиуæн дæр ахæлиу ис. Иттæг нысаниуæгджын у, фæарфдæр уа ацы ахастытæ, кæцытæ сæвзæрдысты хицауадт, хицаугæнæг партиты æхсæн. Уыцы нысан у визит, кæцы ацы тæккæ цæуы Китайы», – хъусын кæны Иракълэ Къобахидзе.