«Картули Оцнебайы» офисы парламентон фылдæрты рабадт ацыд, кæцыйыл уыдис Ираклий Къобахидзе дæр
«Картули Оцнебайы» офисы парламентон фылдæрты рабадт ацыд, кæцыйыл уыдис Ираклий Къобахидзе дæр

«Картули Оцнебайы»  централон  офисы парламентон  фылдæрты   рабадт  ацыд, кæцыйыл  уыдис Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе.

Партийы информацийæ, фембæлдыл  парламентон фылдæрты уæнгтæ  афæлгæстой президенты «Фæсарæйна æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоныл æвæрд  вето æмæ уыимæ  баст фарстатæ, афтæма  цæугæ  сессион  къуырийы  пленарон  рабадтыыл æркæсинаг фарстатыл сцырын кодтой  хъусдард.

«Цæугæ къуырийы парламентæ æркæсдзæн рæнхъ фарстатæ, сæ нымæцы  «фæсарæйнаг  ндæвдады æргомдзинады фæдыл» прзденты ветойы сæрты ахизыны  фарста.  Афтæма, уыдзæн «Гуырдзыстоны фидтонон кодексы  ивдтытæ бахæссыны фæдыл» Гуырдзыстоны закъоныл  Саломэ Зурабишвилийы  мотивиргонд фиппаинæгты  кæсын.

Парламенты каст уыдзæн Еврокомиссийы  фараст  домæнимæ баст закъонопроекттæ, кæцытæ баххæсдзысты  «иумæйаг тæрхондæтты фæдыл» «антикоррупцион бюройы», «Специалон фæдагурæг куысты фæдыл», «Персоналон бæрæггæнæнты  хъахъхъæды фæдыл» закъонмæ бахæссинаг ивдтытæ, кæцы æртыккаг хъусынæй  уыдзæн ист», – банысангонд у «Картули Оцнебайы» ахæлиугонд информацийы.

Уый æддæмæ ма, партийы хъусинагæй, цæугæ къуырийы боны фæткæй, «министры сахаты» форматы депутаттæ  байхъусдзысты  æрдзы хъахъхæды æмæ хъæууон хæдзарады  министрмæ, Отар Шамугиамæ æмæ оокупацигонд территоритæй  лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинады æмæ социалон хъахъхъады  министр Михеил Сарджвеладземæ. Афтæма,  парламенты интерпеляцийы уагæй,  ралæудзæн  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ  райрæзты министр Леван Давиташвили.