«Картули Оцнеба» бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл конституцион ивддзинæдтæ æрцæттæ кодта
Парти «Картули Оцнеба» бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæды фæдыл контитуцион ивддзинæдтæ æрцæттæ кодта.
Конституцион ивддзинæдтыл абон лæвæрд брифнгыл парламентон фылдæрты лидер Мамука Мдинарадзе фæныхас кодта.
Сæрмагондæй та, Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгхгæ конституцион закъонопроект йæ хъуыдыйы дары аæм ивддзинæдтæ:
Стати 1.
- Закъондæттандæй гæнæн ис срегулир уа æмкъайады æнгæс æрмæстæр ахæм ахастытæ, кæцытæ æнæдæлдæр 18 аздзыд иу генетикон нæлгоймагы æмæ иу генетикон сылгоймагы æмкъайад дары йæ хъуыдыйы.
- Æнахъомы хъæбулæй скæнын кæнæ бæрны кондæй хъомылкæнын бар ис æрмæстдæр Гуырдзыстоны конституцийы æмæ закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ æмкъайады уæвæг къæйттæн кæнæ гетеросексуал уæнгæн.
- Фæдзæхст у адæймаджы æрд раивынимæ баст цыфæнды медицинон процедурæ.
- Паддзахадæй кæнæ бынæттон хæдуынаффæйы органæй лæвæрд документы бавдыст уыдзæн æрмæстдæр сылон æрд, кæнæ нæлон æрд, кæцы æмбæлгæ уыдзæн йæ генетикон бæрæггæнæнтимæ.
- Æнæтых у хицауады, кæнæ хицæн гоймагы кæцыфæнды уынаффæ, кæцы æрдон нысанæй бæрæг æмбарынæдтæй спайдайы комкоммæ кæнæ та фæрссаг формæйæ арæн кæны.
- Фæдзæхст у ахæм æмбырд, кæцы иуæрдонты бинонты кнæ интимон ахастыты, инцесты, иуæрдон къайы кнæ æнæгетеросексуалон гоймагæн æнахъомы хъæбулæй скæныны кæнæ йæ бæрны хъомыл кæныны, æрд раивынимæ баст медицинон процедурæйы спайда кæныны кæнæ æрдон нысанæй бæрæг æмбарынæдты популяризацийы нысанæн цæуы.
- Фæдзæхст у ахæм мидисы уацмысы, программæйы кæнæ æндæр æрмæгы публикаци кæнын, кæцы иуæрдон бинонты кæнæ интимон ахастыты, инцесты, иуæрдон къайы кæнæ æнæгетеросексуалон гоймагæн хъæбул скæныны кæнæ йæ бæрны ъомылкæныны, æрд раивынимæ баст медицинон процедурæйы кæнæ æрдон нысанæй бæрæг æмбарынæдтæй спайдайы популяризацийæн цæуы йæ хæлиукæнынад.
- Фæдзæхст у паддзахадон кæнæ хицæн ахуыргæнæндæтты ахуырадон процессы ахæм информацийы лæвæрд, кæцыйæн йæ нысан у æмæ кæцы иуæрдонты бинонты интимон ахастыты, инцесты, иуæрдон къайы кæнæ æнæгетеросексуалон гоймагæн хъæбул скæныны кæнæ йæ бæрны хъомылкæныны, æрд раивынимæ баст медицинон процедурæйы кæнæ æрдон нысанæй бæрæг æмбарынæдтæй спайдайы популяризаци.
Стати 2 – ацы закъон йæ тыхмæ бахизæд йæ публикацийы моментæй.
Уый æддæмæ ма, Гуырдзыстоны Конституцийы ( Гуырдзыстоны парламенты уагдæттæ, 1995, №№31-33, стати 668) 30æ-м статимæ бамхас уа ахæм мидисы 3-аг пукнт – «3. Бинонты хæзнаты æмæ æнахъомты хъахъхъæд ифтонггонд у Гуырдзыстоны конститкцион закъонæй, кæцы Гуырдзыстоны Конституцийы æнæраскуынгæ хай у».