Карл Харцелл – Зноны акцийыл бирæ хуымæтæг гуырдзиаг рацыд æддæмæ, кæцыты фæнды спайда кæнын фадатæй, кæцы сæм ныр лæвæрд æрцыд Евроцæдисы æрдгæй
Знон цы федтон, уыдис тынг стыр, аккаг æмæ сабыр манифестаци Гуырдзыстоны проевропаг равзæрсты тыххæй, – уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
Карл Харцелл куыд банысан кодта афтæмæй, зноны акцийыл зæгъгæ бирæ адæймаг рацыд æддæмæ, кæцыты фæнды Гуырдзыстон спайда кæна уыцы фадатæй, кæцы сæм ныр лæвæрд æрцыд Евроцæдисæй.
«Политикон равгы тыххæй комментаритæ аиуварс кæнæм. Нæ сараздзынæн комментари, æрмæст зæгъдзынæн, цæмæй закъонон, сабыр фæлгæтты баззайын у сæйраг. Знон цы фехъуыстон, уыдис уый, ома æддæмæ рацыд тынг бирæ хуымæтæг гуырдзиаг, кæцыты фæнды, цæмæй Гуырдзыстон спайда кæна моментæй, фадатæй, кæцы йæм ныр лæвæрд æрцыд Евроцæдисы æрдгæй æмæ сараза раст къахдзæфтæ размæ, реалонæй размæ рахæца Гуырдзыстоны европаг бонвæтк.
Кæд мын бар ратдзыстут, бакой уын кæндзынæн, Еврокомисси майрæмбоны цы загъта, уый. Украинайæн, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн Европаг Перспективæ фегом кæнын, ома Гуырдзыстонмæ ис потенциал, суа Евроцæдисы фидæны уæнг, ивддзаг ма скæнæм дырыс «О»-имæ Европаг Комиссийæ.
Знон байхъуыстам президент Мишелмæ, кæцыйы дзæбæх зонынц ацы бæстæйы, уый бахахх кодта, цæмæй ныр афон у, бамбарæм, Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисы фидæн ис. Ацы фидар сигналтæй, иурæстæгонæй, зонæм, цæмæй Гуырдзыстоны тыххæй цæстæнгас уыйбæрц æхсызгон нæ уыд, куыд Молдовæ æмæ Украинайы цауы, кæцы хахх кæны ацы тæккæ скуыддзаггæнæг къахдзæфтæ саразыны æнæмæнгхъæундзинад ацы тырнынадты демоснтрацийæн. Уый тыххæй нын ис саразинаг хъуыддæгтæ. Европаг комисси дзуры, цавæр домæнтæ сыххæст кæнын хъæуы Гуырдзыстонæн размæцыдæн. Ныфс дарын, æввахс бонты Европаг Советы уæнг паддзахадтæ рахæсдзысты уыцы уынаффæ, кæцы рахаста европаг комисси. Кæцыйы фæстæ дæр сигнал уыдзæн дырыс, Гуырдзыстоны европаг амонд Гуырдзыстонæн йæ къухы ис æмæ нæфæллайгæ куысты афон у æнæмæнгхæъугæ къахдзæфтæ саразынæн бонвæтк размæ рахæцыны тыххæй», – загъта Харцелл.