Карл Харцелл Гуырдзыстонæн арфæ  кæны  Европæйы бон
Карл Харцелл Гуырдзыстонæн арфæ кæны Европæйы бон

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвара Крал Харцелл Европæйы бон сбæрæгбон кæныны фæдыл  фидиуæн   публикаци кæны æмæ Гуырдзыстонæн   арфæ кæны Европæйы  бон.

Европæйы бон, традиционæй йæ  фидиуæны  хъусдард здахы   Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны  иумæйаг аргъдзинæдтыл.

«Гуырдзыстоны нæ  æнгом   партнерад раст уыцы  аргъдзинæдтыл у  бындурæвæрд. Партнерад  кæцы  фидæны    рапархат уыдзæн, уымæн  æмæ Гуырдзыстон истьорион  къахдзæф сарызта – евроцæдисы  уæнсуæвыны фæдыл куырдиат  бавдыста – йæ цæрджыты  абсолютон фылдæры хайы тырнынадмæ æмбæлгæйæ  æмæ  цивилизацион  уыдæгтыл æнцойæ.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Республикæйы конституци гуырдзыйаг дзыллæйы æмæ  культурæйы  демократийы, æмсæрады,  бирæгъуызондзинады æмæ  сæрибардзинады хæзнатæн  арф  бындур кæй  ис уый нын æвдисы.  Аргдзинæдты, кæцы  алкæмæн  абоны  онг  зынаргъ сты  æмæ  сæ бахъахъхъæнынæн нæ  хъæуы  иумæйаг  куыст адарддæр кæнын æмæ  тох  ппæт дунейы.

Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæууы.  Фидар, дидинæфтыд æмæ  демократон  бæстæ арæзтадæн фарс рахæцынæн. Ковидпандемийы æмæ æндæр кризисон   рæстæджы.  Нæ æнæцудгæ  æххуысæй  Гуырдзыстоны  хæдбарады æмæ текрриторион  æнæхъæндзинады æрдæм. Афтæ адарддæр кæндзыстæм. Уыдзæн нын Гуырдзыстоны, куы нæ хæлар æмæ партнеры ныфс.  Раттут мын бар, алкæмæн уын раарфæ кæнон  Европæйы  бон!» – райхъусын кодта  Харцелл.