Карл Харцелл – вирусæй цырд абон дезинформаци æмæ мæнг уацтæ хæлиу кæнынц, уый тыххæй иттæг ахсджиаг у ацы аз прессæйы сæрибары Дунейы боны банысан кæнын
Абон журналисттæ, продюссертæ, иртасджытæ, фотографтæ æмæ медийы æндæр профессионалтæ хæсты раззаг хаххыл сты æмæ нын хъусын кæнынц информаци уыцы уавæрты, мах сегасдæр тыхджын куы стæм баст сæ куыстыл – уый фæдыл дзырдæуы прессæйы сæрибары Дунейы боны тыххæй Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцеллы фидиуæны.
Минæвары дзырдæй зæгъгæ цæугæ азы темæ – «Журналистикæ æдæрсгæйæ æмæ субъективондзинадæй цух», хорз æвдисы журналистикæйы сæйраг принциптæ.
«Абон Covid-19-имæ хæсты» прецедент цæмæн нæй ахæм уавæрты, вирусæй цырдæй дезинформаци æмæ мæнг хабæрттæ хæлиу кæнынц, уый тыххæй дæр ацы аз 3 майы – прессæйы сæрибары Дунейы бон исы сæрмагонд нысаниуæг. Абон журналисттæ, продюссертæ, иртасджытæ, фотографтæ æмæ медийы æндæр профессионалтæ хæсты раззаг хаххыл сты æмæ нын хъусын кæнынц информаци уыцы уавæрты, мах сегасдæр фылдæр баст куы стæм сæ куыстыл. Уырны мæ, цæмæй лæмбынæг хъусдардæй адарддæр кæндзысты кусын æмæ сын арфæ кæнын æнæниздзинад. Æргом æмæ сæрибар дзыллæйы медиа æххæстæ иттæг ахджиаг роль. Цæугæ азы темæ – «Журналистикæ æдæрсгæйæ æмæ субъективондзинадæй цух» хорз æвдисы журналистикæйы сæйраг принциптæ. Уыцы политикон кæнæ экономикон æлхъывдæй цух, хахуыры кæнæ сæ куыстмæ хитъыссыны уавæрты, кæцыйы рахаты сæрибар медиа æппæт дунейы, Евроцæдис у æмæ уыдзæн сæрибар медийы æмцæдисон, сæрыл дзурæг æмæ æнцой дарæг» – банысангонд у Карл Харцеллы фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.