Карл Харцелл - Райгонд стæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады абоны фидиуæнæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары 2020 азы æвзæрстыты пропорцион системæйæ ауадзын
Райгонд стæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады абоны фидиуæнæй конституцион ивдтыты иницирдзинады тыххæй, кæцытæ 2020 азы æвзæрстыты æххæстæй пропорцион системæйæ ауадзын дары йæ хъуыдыйы – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, Карл Харцелл, Евроцæдисы бæстæты минæвæртты фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг бонты фæзындтæ зæгъгæ, равдыстой, цæмæй диалог , консультаци æмæ компромисс æнæмæнгхъугæ сты Гуырдзыстоны дзыллæйы разæ уæвæг быцæусидтытæн бахъом уынæн.
«Ффæстаг бонты фæзындтæ равдыстой, цæмæй диалог , консультаци æмæ компромисс æнæмæнгхъугæ сты Гуырдзыстоны дзыллæйы раз уæвæг быцæусидтытæн бахъом уынæн.
Ацы контексты зæрдылдаргæйæ, райгонд стæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады абоны фидиуæнæй конституцион ивдтыты иницирдзинады тыххæй, кæцытæ 2020 азы æвзæрстыты æххæстæй пропорцион системæйæ ауадзын дары йæ хъуыдыйы.
Уымæй фæзындзæн фадат алы интересджын фарсмæ, æрымбырд уа æмæ æрныхас кæна ахæм фидæнон къахдзæфты тыххæй, кæцытæ Гуырдзыстоны парламентон демократийы æмæ плюрализм фæфидар кæндзысты. Æнхъæлмæ кæсæм цæмæй райдайдзæн æрæхмасштабон консультациты процесс æмæ алы фарсмæ сидæм уымæ баиу уынмæ.
Æнхъæлмæкæсинаг парламентон æвзæрстыты зæрдыл даргæйæ, нæ фæнды афтæдæр хъусдард раздахын ЕÆÆО/ ODIHR рекомендациты æрдæм æмæ сæ афоныл æмæ æххæстæй сæххæсты нысаниуæгы æрдæм.
Райгонд стæм цæттæдзинадæй цæмйæ 20 июны æхсæвы айтынггонд фæзындтæ равзарой уыцы сидтытæм æмбæлгæйæ, кæцытæ Евросоветы адæймаджы барты камисары æмæ æндæрты æрдгæй райхъуыст. Æнхъæлмæ кæсæм цæмæй уагъд æрцæудзæн рухсдзыд æмæ цырд процесс адæмон барты хъахъхъæнæгы хайадæй.
Ноджы иу хатт нысан кæнæм, цæмæй демонстрацитæ хъуамæ адарддæр уа сабырæй æмæ курæг стæм алкæмæй, кæддæриддæр архайæт конституцийы фæлгæтты.
Куыд Гуырдзыстоны æмзæрдæ хæлæрттæ æмæ партнертæ, сидæм фæрстæм, бацархайæт бæстæйы сегасæй хуыздæр интересты зæрдыл даргæйæ» – хъусын кæны Карл Харцелл.
Карл Харцеллы комментари, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад ахæлиу кодта.