Карл Харцелл -  Райгонд стæм  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   къухдариуæгады  абоны  фидиуæнæй, кæцы  йæ хъуыдыйы дары  2020 азы æвзæрстыты пропорцион системæйæ  ауадзын
Карл Харцелл - Райгонд стæм «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады абоны фидиуæнæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары 2020 азы æвзæрстыты пропорцион системæйæ ауадзын

Райгонд стæм  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   къухдариуæгады  абоны  фидиуæнæй   конституцион  ивдтыты  иницирдзинады  тыххæй,   кæцытæ 2020 азы æвзæрстыты æххæстæй  пропорцион   системæйæ  ауадзын дары йæ  хъуыдыйы –  уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар,  Карл Харцелл, Евроцæдисы  бæстæты  минæвæртты   фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   фæстаг бонты   фæзындтæ  зæгъгæ, равдыстой,   цæмæй   диалог , консультаци æмæ  компромисс æнæмæнгхъугæ  сты  Гуырдзыстоны  дзыллæйы  разæ  уæвæг   быцæусидтытæн бахъом уынæн.

«Ффæстаг бонты   фæзындтæ  равдыстой,  цæмæй  диалог , консультаци æмæ  компромисс æнæмæнгхъугæ  сты  Гуырдзыстоны  дзыллæйы  раз  уæвæг   быцæусидтытæн бахъом уынæн.

Ацы контексты   зæрдылдаргæйæ,   райгонд стæм  «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады  абоны  фидиуæнæй   конституцион  ивдтыты  иницирдзинады  тыххæй,   кæцытæ 2020 азы æвзæрстыты æххæстæй  пропорцион   системæйæ  ауадзын дары йæ  хъуыдыйы.

Уымæй  фæзындзæн фадат алы  интересджын фарсмæ,  æрымбырд уа æмæ  æрныхас кæна  ахæм фидæнон къахдзæфты тыххæй,   кæцытæ  Гуырдзыстоны парламентон  демократийы  æмæ плюрализм фæфидар кæндзысты.  Æнхъæлмæ кæсæм  цæмæй райдайдзæн    æрæхмасштабон  консультациты  процесс  æмæ алы  фарсмæ сидæм уымæ баиу  уынмæ.

Æнхъæлмæкæсинаг  парламентон  æвзæрстыты   зæрдыл даргæйæ, нæ  фæнды   афтæдæр  хъусдард раздахын  ЕÆÆО/ ODIHR рекомендациты æрдæм æмæ   сæ афоныл æмæ  æххæстæй сæххæсты  нысаниуæгы æрдæм.

Райгонд стæм  цæттæдзинадæй   цæмйæ  20 июны   æхсæвы  айтынггонд  фæзындтæ  равзарой  уыцы  сидтытæм æмбæлгæйæ,   кæцытæ Евросоветы  адæймаджы  барты   камисары æмæ  æндæрты æрдгæй  райхъуыст. Æнхъæлмæ кæсæм цæмæй  уагъд æрцæудзæн  рухсдзыд æмæ   цырд процесс   адæмон барты  хъахъхъæнæгы хайадæй.

Ноджы иу хатт  нысан кæнæм, цæмæй   демонстрацитæ  хъуамæ адарддæр уа  сабырæй  æмæ  курæг  стæм  алкæмæй,  кæддæриддæр  архайæт  конституцийы  фæлгæтты.

Куыд Гуырдзыстоны  æмзæрдæ  хæлæрттæ æмæ партнертæ,  сидæм фæрстæм, бацархайæт  бæстæйы  сегасæй хуыздæр   интересты  зæрдыл даргæйæ» – хъусын кæны  Карл Харцелл.

Карл Харцеллы   комментари, Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварад  ахæлиу кодта.