Карл Харцелл - нæ позици у ахæм, цæмæй ацы этапыл размæцыды хуыздæр фæндаг у диалогы фæрцы компромисс рацагурын
Ис бадзырд цæмæй æндæр æмæ æндæр æвзарæнон системæмæ гæсгæ, кæцыйыл фокурсиргонд уыдысты дискуситæ, уыдзæн каст диалогы форматы – загъта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты диалогы цыппæрæм раунд фæцис æмæ алы фарс дæр разы сты, цæмæй процесс адарддæр уыдзæн.
«Ацы фембæлдæй рацыдыстæм афтæ, æмæ алы фарсы дæр разы сты. Процесс дарддæр кæныю Уый у нысаниуæгджын. Мах диалогы раззаг раундты рæстæджы хъауджыдæргонд æнхарæнтæм хъуыстмам. Абон та фехъуыстам аршгументтæ æндæр æмæ æндæр æнхъарæнмæ гæсгæ, кæцытæ кастæуынц» – райхъусын кодта Карл Харцелл.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, фембæлдыл цæугæ фæзындты æмæ демонстрациты тыххæй дæр уыд ныхас.
Карл Харцеллы хъуыдымæ гæсгæ. Размæцыды сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг уыдзæн бадзырд диалогы форматы.
«Нæ хъæддых позици у, цæмæй ацы жтапыл размæцыды сеппæтæй хуыздæр фæстиуæг уыдзæгн компромисс агурын æмæ уымæн хъуамæ спайда кæнæм диалогæй. Уый ныфс мæ ис» – загъта Харцелл.
Хицаугæнæг партий, парламенты мажоритарон мандатты фæкаддæр кæныны инициативæ бавдыста. «Политикъон спектæрн æнхъарæм инициативæ, ма раивæм æмхæццæ æвзарæнон системæ, фæлæ дыууæ æртыккæгæмы фæфылдæр кæнæм пропорцион хай ацы системæйы.Кæд æмæ ацы инициативæйыл раздзинадмæ æрцуæм, уæд пропорцион æгъдауæй сывзардзыстæм 100 депутаты 77-ы бæсты, æрмæст мажоритарон мандаттæ та фæкъаддæр уыдзæн 50-ы онг. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, фидæны парламенты уыдзæн 100 пропорцион мандат, æмæ 50 мажоритарон»- райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе. Брифингыл, кæцы оппозици æмæ хицауады минæвæртты диалогы цыппæрæм раунды фæстæ ацыд.