Карл Харцелл -  нæ позици у ахæм,  цæмæй  ацы  этапыл  размæцыды  хуыздæр  фæндаг у  диалогы фæрцы компромисс рацагурын
Карл Харцелл - нæ позици у ахæм, цæмæй ацы этапыл размæцыды хуыздæр фæндаг у диалогы фæрцы компромисс рацагурын

Ис  бадзырд  цæмæй   æндæр æмæ   æндæр æвзарæнон системæмæ  гæсгæ, кæцыйыл  фокурсиргонд уыдысты   дискуситæ, уыдзæн  каст  диалогы  форматы –  загъта  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар Карл Харцелл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ   хицауады  æмæ оппозицийы  минæвæртты   диалогы  цыппæрæм раунд   фæцис æмæ   алы  фарс дæр разы  сты, цæмæй  процесс  адарддæр уыдзæн.

«Ацы  фембæлдæй  рацыдыстæм  афтæ,   æмæ  алы  фарсы  дæр разы  сты. Процесс дарддæр кæныю Уый  у нысаниуæгджын. Мах  диалогы  раззаг раундты  рæстæджы  хъауджыдæргонд   æнхарæнтæм хъуыстмам. Абон  та  фехъуыстам  аршгументтæ  æндæр æмæ æндæр  æнхъарæнмæ гæсгæ,  кæцытæ  кастæуынц» – райхъусын кодта  Карл Харцелл.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,  фембæлдыл   цæугæ  фæзындты æмæ   демонстрациты  тыххæй  дæр уыд ныхас.

Карл Харцеллы  хъуыдымæ гæсгæ.   Размæцыды  сеппæтæй  хуыздæр фæстиуæг уыдзæн    бадзырд  диалогы  форматы.

«Нæ  хъæддых позици у, цæмæй  ацы  жтапыл  размæцыды  сеппæтæй  хуыздæр фæстиуæг  уыдзæгн  компромисс  агурын  æмæ  уымæн  хъуамæ спайда кæнæм  диалогæй.  Уый ныфс  мæ ис» – загъта  Харцелл.

Хицаугæнæг   партий,  парламенты  мажоритарон  мандатты  фæкаддæр кæныны   инициативæ  бавдыста. «Политикъон спектæрн æнхъарæм  инициативæ,   ма  раивæм  æмхæццæ  æвзарæнон системæ, фæлæ   дыууæ æртыккæгæмы фæфылдæр кæнæм  пропорцион  хай  ацы  системæйы.Кæд æмæ ацы инициативæйыл  раздзинадмæ æрцуæм,   уæд пропорцион æгъдауæй  сывзардзыстæм   100 депутаты  77-ы  бæсты, æрмæст мажоритарон   мандаттæ  та  фæкъаддæр уыдзæн 50-ы онг.   Уымæ  æмбæлгæйæ дæр,  фидæны  парламенты уыдзæн 100  пропорцион   мандат, æмæ  50  мажоритарон»- райхъусын кодта  Арчил Талакъвадзе. Брифингыл,   кæцы оппозици æмæ хицауады   минæвæртты диалогы   цыппæрæм раунды  фæстæ  ацыд.