Карл Харцелл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, бадзырдтæ уыдзысты нысаниуæгджын æмæ вазыгджын
Кусæм дыууæдæр фарсимæ, цæмæй ссарæм æлæмæттаг иумæйаг позици – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæдж загъта.
Харцелы аргълæвæрдæй, бадзырдты хуыздæр сценариуыдзæн æрмæстдæр уæрæхæй ист разыдзинад.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, иттгæ нысаниуæгджын æмæ вазыгджын бадзырдтæ укыдзæн, уымæн æмæ дыууæдæр фарсы бахъæудзæн кæрæдзийæн баххуыс кæнын, цæмæй дзæбæх уынаффæмæ æрхæццæ уæм. Уый у фундаментон, уымæн æмæ ацы бадзырдты æрмæст иу дзæбæх сценарий ис, уæрæх разыдзинад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы æндæр сценари бирæ вазыгджын дæр уыдзæн.
Куыд загътон афтæмæй, мæ ныфс ис, цæмæй нын уыдзæн куыд гæнæн ис афтæ уæрæх разыдзинад, кæцы ацы парламенты куысты фадат ратдзæн, кæцы уырнæг дæн, иттгæ нысаниуæгджын уыдзæн. Уый æнæрмæст парламентæн ратдзæн цæрыны фаджат, фæлæ ма уыцы нысаниуæгджын куыст у, кæцы парламенты хъуамæ ацæуа, уый нымæцы амбицион æвзарæнон реформæйы фæрцы уыцы аиппытæн дзуапп раттын, кæцы æвзæрстыты рæстæджы сфиксир ис, фæлæ, куыд зонын афтæмæй, ковид æмæ бирæ æндæр равгы фарст домы парламент, кæцы иумæ кусдзæн. Ахæм ныфсæмæ мæ хъуыды ис кæцы мæ фынæй кæнын нæ уадзы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ куыд дипломат, кæцы кæддæриддæр оптимист хъуамæ уа, æмæ æз дæр цæй зæгъын æй хъæуы оптимист дæн, фæлæ реалистдæр» – райхъусын кодта Харцелл.
31 октябры парламентон æвзæрстыты оппозици хоны фальсифициргондæй æмæ парламентон мандаттыл нæзагъд кæны. Гуырдызстоны Евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæварадты инициативæйæ, хицауад æмæ оппозицийы бадзырдтæ цæуынц. Фембæлдты фыццаг дыууæ раунды æнæфæстиуæгæй фесты.