Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй ахæлиугонд сусæг ныффыстыты темæйыл Гуырдзыстоны минæварæн базонын кодтой Евроцæдисы позицийы тыххæй æмæ йын фехъусын кодтой дарддæры къахдзæфтæ æркуырды фæдыл
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй ахæлиугонд сусæг ныффыстыты темæйы фæдыл Гуырдзыстоны минæвармæ, Брюсселы, Евроцæдисы офисмæ фæсидтысты, цы ран йын евроиугонды позици базонын кодтой æмæ æмбæлгæ дарддæры къахдзæфтæ æркуырды фæдыл фехъусын кодтой.
«Сымах нырид зонут Брюсселы реакцийы тыххæй, ома нын ацы фарстамæ серьозон ахаст ис. Ай æппæт æвзæрын кæны фарстытæ Венæйы конвенцийы цæстæнгасæй, кæцы регуляци кæны дипломатон ахастытæ. Æрдзоныл нæ нымайæм уый æмæ Гуырдзыстоны æнгæс хæстæг хæлар æмæ партнер бæстæ нæ ныхмæ ахæм архæйдтыты уыдаит баст. Ацы нысанæн Гуырдзыстоны минæвармæ фæсидтысты Брюсселы, Евроцæдисы офисмæ, цы ран йын Евроцæдисы позици базонын кодтой æмæ æмбæлгæ дарддæры къахдзæфтæ æркуырды фæдыл фехъусын кодтой», – загъта Карл Харцелл.