Карл Харцелл - Хицауады æмæ оппозицийы диалогæн егъау æнцойад ис, цæмæй æвзæрстытæм процесс размæ рацæуа
Ныфс мæ ис цæмæй ацы фембæлд пайдаджын уыдзæн æмæ дискуссийы фæрцы процесс фылдæр рухсдзыд суыдзæн, цы варианттæ ис гæнæн ф æзыной – уый фæдыл Гуырдызстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл хицауады æмæ оппозицийы минæвæртты фембæлды размæ журналисттæн фехъусын кодта.
Минæвары дзырдæй, диалогæн фидар æнцойад ис цæмæй процесс размæ рацæуа фидæны æвзæрстытæм.
«Ныр мæ бон нæу зæгъын, куыд дард кæнæ рæхджы бахъом уыдзыстæм размæцыд. Ныры онг куыд дзырдтон, афтæ зæгъдзынæн ныр дæр цæмæй тынг райгонд дæн ацы фембæлд кæй цæуы уымæй. Ныфс мæ ис, фембæлд пайдаджын уыдзæн æмæ дискусийы фæрцы процесс фылдæр бæрæг уыдзæн, цæмæй цы варианттæ ис гæнæн разыной.
Диалогы фæстæ зондзыстæм, цы фæстиуæг ис гæнæн райсын, фæлæ диалог иттæг нысаниуæгджын у. Абон уый дзырдтой европарламентартæ дæр, цæмæй хъауджыдæргонд цæстæнгас сæм ис ситуацимæ. Фæоæ ацы диалогæн стыр æххуыс ис уый тыххæй, цæмæй процесс фидæн æвзæрстытæм æмæ домкратимæ размæ рахæцæм»- райхъъусын кодта Карл Харцелл.
Хицауады æмæ оппозицийы минæвæрттæ фæсарæйнаг дипломаттим æиумæ, абон радон фембæлд сараздзысты. Фембæлд нысангонд у 18:00 сахатмæ.