Карл Харцелл - Хæрзгъæд æмæ объективон журналистикæ у дезинформацийы ныхмæ «вакцинæ»
Хæрзгъæд æмæ объективон журналистикæ у дезинформацийы ныхмæ «Вакцинæ», журналисттæ сты нæ сæйраг æмцæдисонтæ, деморктаийы куыстæн къухаразæг чи сты уыдон – уый фæдыл Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл хуъсын кæны.
Прессæйы сæрибардзинады дунейы бонмæ гæсгæйæ, кæцыйы ацы азы темæ у «информаци æхсæнады хæрзиуæг», Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл ахæлиу кодта фидиуæн.
«Абоны, цифрон эпохæйы дæлдон кæнæм информацийы къадайы, уый та сæрмагондæй «Covid-19» -мæ баст «информацимæ» æххæссы. Фæныысангонд контексты, хæрзгъæд æмæ объективон журналистикæ у дезинформацийы ныхмæ «вакцинæ»; журналисттæ сты нæ сæйраг æмцæдисонтæ, деморктаийы куыстæн къухаразæг чи сты уыдон. Фæнды мæ бузныг зæгъын журналисттæн сæ ацы нысаниуæгджын хайбавæрды тыххæй. Евроцæдис уæ фарс хæцы æмæ хъахъхъæны уæ сæрибардзинад, кæцы ацы ахсджиаг куст сыххæст кæнын иттæг æнæмæнгхъæугæ у» – райхъусын кодта Харцелл.
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады инфорамцийы куыд дзырдæуы афтæмæй, традицимæ æмбæлгæйæ Карл Харцелл спайда кодта ацы фадатæй æмæ райхъусын кордта конкурс журналистикæйы Евроцæдисы 2021 азы приз адæттынæн.
«Приз журналистикæйы, кæцы Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад 2012 азы æрфидар кодта, къухаразæг у гуырдзиаг медиа-тыгъдады профессионализмы æмæ журналистон этикæйы кодексы нормæты фæарфдæр кæнынæн».