Карл Харцелл - Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ кæй лæууы уымæй сæрыстыр у уый тыххæй æмæ мах йæ хæдбардзинады, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсхæцæг стæм
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл, Гуырдзыстоны æмæ йæ æмбæстæгтæн арфæ кæны Хæдбардзинады бон.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы бон Евроцæдис Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ кæй лæууы уымæй тынг хъал у, уый тыххæй æмæ йæ хæдбардзинады, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсхæцæг у.
«Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн æмахаст иумæйаг хæзнатыл нæцойæвæрд у. Растдæр ахæм фидар бындурыл лæууы нæ хæларад, æмæ кæцыйы руаджы тых кæнæм иумæйаг æртъхъирæнтыл. Абоны вазыгджын афон Евроцæдис æмæ йæ уæнг бæстæтæ, нырид равдыстой Гуырдзыстонæн хъæддых фарсмæлæуд æмæ равдыстой уый цæмæй цы нысан кæны ацы хæларад.
Ноджы иу хатт уын арфæ кæнæн Гуырдзыстоны Хæдбардзинад бон» – дзырдæуы Гуырдзыстоны хæдбардзинады бонмæ гæсгæ евроцæдисы минæвары Карл Харцеллы фидиуæны.