Карл Харцелл æрсидтис, де-факто хицауалсмæ æмæ Уæрæсемæ, «Хуссар Ирыстоны» администрацион арæйнон хаххыл æппæт ахизæн пунктты байгом кæнынмæ
Минæвар Карл Харцелл, Хуссар Ирыстонмæ æрсидтис администрацион арæйнон хаххыл æппæт ахизæн пунктты байгоммæы кæнынмæ – уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.
«Абон дыууæ азы сыххæст ис, Хуссар Ирыстоны администрацион арæйнон хаххыл, Одзисы ахизæн пункты сыхгæды фæстæ. Ацы пункты æрыхгæды размæ, æрвылбойнонæй 400-ы онг ахызт фиксир кодта æрвылбойнонæй.
Фæстаг дыууæ азы дæргъы Ахалгоры районы этникон гуырдзиаг цæрджытæн нæ уыд фадат администрацион арæйнон хаххыл рахизын æмæ хæстæджытимæ фембæлын, пенситæ райсын кæнæ мадæлон æвзагыл ахуыры барæй спайда кæныню Уымæй уæлдай ма, арæнгонд уыд медицинон æххуысы рæувадатдзинад, æрмæст хъусинæгтæ хæлцад æмæ медикаментты дефициты фæдыл та нырмадæр дарддæр кæнынц. Уый фæдыл Ахалгоры районæй медицинон лæггад райсыны нысанæн рахызты регуляцигæнæг процедурæтæ фæстаг рæстæджы кæй фенцондæр ис уый уыдис æхсызгон фæзынд.
Евроцæдис уырнæг у, цæмæй змæлды фылдæр сæрибардзинад сифтонг кæнынæн ис гæнæн «COVID-19»-ы тестæй басгæрсты æмбаргæ æмæ адекватон стратеги ауадзын æмæ сиды де-факто хицауадмæ Цхинвалы æмæ Уæрæсейы Федерацимæ, бауадзæнт Хуссар Ирыстоны администрацион арæйнон хаххыл æппæт ахизæн пунктты фегом.
Евроцæдисы цæстдарæг мисси, цæттæ у, баххуыс кæна дарддæры дискусситæн Эргнеты инциденттæ маруадзыны механизмтыл кусæг къордты фембæлдты фæлгæтты» – банысангонд у Евроцæдисы минæварады хъусинаджы.