Карл Харцелл æмæ йæ бинойнаг видео-сидт публикаци кæнынц - стыр бузныг уын, Гуырдзыстоны хайæг нæ кæй скодтат, уый тыххæй, Гуырдзыстон кæддæридæр уыдзæн нæхи хай дæр
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл æмæ йæ бинойнаг Мете Харцелл, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хæрзбойнон видео-сидт публикаци кæнынц.
«Æрлæууыд афон, рох кæнын гæнæн, цæмæн нæй ахæм цыппар азы фæстæ, Гуырдзыстонæй куы хъуамæ ацæуæм. Тынг зæрдæрухс стæм ацы бæстæйы æрвыст азтæй. Диссаджы хъарм æмæ зæрдæхæлардзинад хатыдыстæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй, кæцытимæ æмбæлыдыстæм Тбилис æмæ Гуырдзыстоны æндæр рæтты. Стыр бузныг Гуырдзыстонæн алцæй тыххæй», – хъусын кæны Мете Харцелл видео-сидты.
Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл афтæдæр бузныг дзуры Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн. Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон у уникалон бæстæ.
«Стыр бузныг уый тыххæй, цæмæй нæ Гуырдзыстоны хайæ скодтат, уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон кæддæриддæр уыдзæн нæхи хай дæр. Гуырдзыстон диссаг, уникалон бæстæ у. Уæ фыдæлты уæхсчытыл лæуут, уыцы адæймæгты, кæцытæ тох кодтой ацы бæстæйы тыххæй, традициты, культурæйы, æвзаг æмæ байзæддагы тыххæй», – хъусын кæны Карл Харцелл.
Евроцæдисы минæвар куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ ивгъуыд мæйы Евроцæдисы бæлвырд фехъусын кодтой, цæмæй Гуырдзыстонан ис Европаг перспективæ æмæ цæмæй Гуырдзыстон Европаг нациты бинонты уæнг у.
«Сымах вæццæгæн зыдтат, Гуырдзыстон европаг бæстæ кæй уыд уый, зыдтон æз дæр æмæ зыдта Гуырдзыстоны хæлæрттæй бирæ, фæлæ нæй гæнæн аргъ ма скæнай уымæн, ома Евроцæдис Гуырдзыстоны потенцион фидæн фæнгæй официалонæй банымадта. Нæкæсгæ уымæ, цæмæй нырма бирæ у саразинаг, мах тынг хъал стæм, ацы историон моменты æвдисæнтæ кæй стæм уый æмæ нæ уырны, цæмæй ацы моментæй сæвзæргæ фадæттæй Гуырдзыстон æнтыстджынæй спайда кæндзæн. Æнæрмæст уый тыххæй, цæмæй историйы дæргъы бирæ хатт сбæлвырд кодтат, фæгæдзæ кæнынимæ кæй не сфидаудзыстут, фæлæ ма уый тыххæй дæр, Гуырдзыстон Европаг структурæты бындурыл æнцой кæй кæны. Гуырдзыстон дæр иста хайад уыцы хæзнатæ сфидар кæныны, кæцыты абон европаг аргъдзинæдтæй хонынц, уый тыххæй уæм ис фадат уæ хайбавæрд скæнат Европæ стæнг кæныны. Уæ энерги æмæ ныфсджындзинад тынг фæзæрдæджын кæны. Æмæ уыцы бон куы æрлæудзæн, æппæт ацы энерги иу нысанмæ куы уыдзæн здæхт, уæд уæ ничи æмæ ницыуал бауромдзæн. Фидæны фембæлдмæ уал», – банысан кодта Карл Хацрелл видео-сидты.
Карл Харцелл Гуырдзыстоны цыппар азон дипломатон мисси фæуд кæны.