Канадæ тызмæг фауы Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты - Абхазий æмæ Хуссар Ирыстоны Сирий нымадмæ кæй райста уый
Канадæ мæстыдзинад æвдисы Сирийы режим, оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны нымадмæ кæй райста уымæй. Уый фæдыл дзырдæуы Канадæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-куысты ахæлиугонд фидиуæны.
«Канадæ тызмæг фауы Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты – Абхазий æмæ Хуссар Ирыстоны нымадмæ кæй райста Сирий уый. Ацы регионты Уæрæсейы æрдгæй оккупаци у æхсæнадæмон барады ббæлвырд хæлд, кæцы æфхæры Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад. Сирийы архæйдтытæ стыр сидты раз æфтауынц закъоныл бындурæвæрд æхсæнадæмон фæткæвæрд æмæ тас хæссы ацы конфликты сабырадонæй аскуыддзагы шансытæн. Канадæ бæлвырдæй æнцойдары Гуырдзыстоны суверенитетæн, хæдбарад æмæ территорион æнæхънæдзинадæн æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты» – дзырдæуы Канадæйы фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.
Канадæ æрсидтис Уæрæсемæ сæххæст кæна 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй æмæ 2998 азы 8 сентябры бадзырдтæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдон.
«Алы паддзахад дæр, хъуамæ кад кæна ИНО-йы уагæвæрдæй химæ райст æхсæнадæмон хæсистытæн» – банысангонд у фидиуæны.