Каха Кучъава – Евроцæдисы æмæ АИШ-ы нысаниуæгджын сигналтæ фехъуыстам, алчи уынынц уыцы агресси æмæ оккупаци, кæцыйы æххæст кæны Уæрæсе
Иттæг нысаниуæгджын уыдысты цы сигналтæ хъуыстам уый. Гуырдзыстон-Украина алкæмæн сты æркæсинаг фарста. Алчи сæттынц уыцы агресси æмæ оккупацийыл, кæцы æххæст кæны Уæрæсе, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава Евроцæдис-АИШ-ы иуæймаг фидиуæныл комментарийы рæстæджы банысан кодта.
«Ай ма хъуамæ баззайа æрмæст фидиуæнты æмвæзадыл æмæ мах цæмæ æнхъæлмæ кæсæм, уыцы конкретон къахдзæфтæ сты, кæцы нын фадат ратдзæн кæронбæттæн нысанмæ бахæццæ уæм – деоккупацимæ æмæ Уæрæсейы æрдгæй уыцы хæстæ æххæст кæнынмæ кæцыты сыххæст кæнын тыхыбын бауыдзæн кæддæр. Хæс, кæцы уый бадзырдæй раста йæхимæ, афтæдæр Страсбургы тæрхондоны уынаффæйæ йæм уыд лæвæрд, хъуамæ сæххæст кæна», – райхъусын кодта Каха Кучъава.