Каха Къаладзе - уыцы рæстæг, кæд æмæ хицауад æддейæ снысан ис, бæстæмæ нал æрыздæхдзæн
Тбилисы мэр Каха Къаладзе сиды, цæмæй парламентон æвзæрстытæ, кæцытæ Гуырдзыстоны 26-æм октябры сырæзтысты, гуырдзиаг адæм ныридæгæн банымадтой. Уый фæдыл Къаладзе актуалон фарстайы дзуаппæн расидтис æмæ банысан кодта, цæмæй Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр æвзæрстытæ сырæзтысты.
«Президентон æвзæрстытæ Молдовайы æмæ Гуырдзыстоны та парламентон æвзæрстытæ сырæзтысты. Парламентон æвзæрстыты банымадмæ та цы хауы, мах банымадтам гуырдзиаг адæм – иу милуан æмæ 120 мин адæймаг, кæцытæ æрцыдысты æмæ бæстæйы сабырад, дидинæфтыд, намыс æмæ европæйаг фидæны фарс рахæцыдысты. Мæнæн бындуронæй нысаниуæгджын у, цæмæй нын легитимондзинад ратта гуырдзиаг адæм, æддейæ чидæр нæ. Сымах фæндыд, цæмæй радикалтæ, кæцытæ уым сты, хицауадмæ æрцæуиккой гуырдзиаг адæмы фарсылхæцындзинад æмæ æмкуысткæнынадæй нæ, фæлæ æддейæ искæй снысан кæнынæй. Уыцы рæстæг, кæд æмæ хицауад æддейæ снысан ис, бæстæмæ нал æрыздæхдзæн», – расидтис Каха Къаладзе.