Каха Каладзе, «Тбилсервис Къорды « æмæ «Тбилисы Муниципалон  Лабораторийы» ног спецтехникæйы презентаци ауагъдта  [фото]
Каха Каладзе, «Тбилсервис Къорды « æмæ «Тбилисы Муниципалон Лабораторийы» ног спецтехникæйы презентаци ауагъдта [фото]

«Муниципалон Лабораторийы» ног спецтехникæйы  презентаци ацыд.

Каха Каладзе  дзырдæй, ззæгъгæ  Европæйы Реконструкци æмæ  Райрæзты  Банкы (EBRD) æххуысæй  «Тбилсервис Къордæн» 74  иуæг  спецтехникæ  балхæдта.  Уыдонæй 59  иуæг   нырид Тбилисы ис  æмæ сæйраг  горæты  кусдзæн райсомæй.

«Райсомæй ацы техникæ райдайдзæн кусын  сæйраг горæты уынгты. Фæнды мæ стыр  бузныг зæгъын æхсæнадæмон финансон организацитæ ацы  æххуысы тыххæй. Алы нысаниуæгджын проект, кæцы  сыххæст кодтам, алы райдыд,  сæ  æххуысæй  цыдис æххæст абоны  онг. Кæй зæгъын æй хъæуы,  фидæны дæр афтæ  адарддæр уыдзæн», –   райхъусын кодта Каладзе.

«Тбилсервис Къорды» спецтехникæйæ уæлдай,  «Тбилисы Муниципалон Лаборатори»  хæтæлвæдты  æмæ донвæндæгты  мид уæлцъар бæрæггæнæг  роботы æмбæлгæ комплектæй æмæ специалон  транспортон   фæрæзтæ  балхæдта.

Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,  фæнысангонд спецтехникæйæн  Гуырдзыстоны  аналогтæ нæй. Ацы спецтехникæйæ гæнæн ис  зиангонд фадгуытæ бацалцæг кæнын афтæ  æмæ уынгтæ къахын нал бахъæудзæн.