Каха Къаладзе – Тæрхондоны залты æнæбары организаци кæнынц цирк, фæнды нæ ахæм уынаффæ райсæм куыд бирæ европæйаг бæстæты æмæ АИШ-ы, байхъуыстытæ уыдзысты æхгæд медийæн
Тбилисы мэр Каха Къаладзейы расидæнмæ гæсгæ, плангонд закъондæттæн ивæндзинæдтæ, кæцытæ медийы фæрæзтæн тæрхондоны къамтæ æмæ видеотæ исын æнæрайсгæ уыдзæн, уымæн æмæ фæстаг азты, тæрхондоны залты организацигонд цыдысты барæй провокацитæ.
Уый фæдыл Каладзе журналисттæн актуалон фарстайы дзуаппæн расидтис.
«Фæстаг азты дæргъы мах федтам, цæмæй тæрхондоны залты æнæбары арæзт цæуы цирк.Цы цæуы, уый у æнæрхъуыды.Уымæ гæсгæ, мах фæнды райсæм ахæм æскъуыддзаг, кæцы Европæйы бирæ бæстæты æмæ АИШ-ы ис.Уынаффæ ист æрцæудзæн, цæмæй тæрхондоны рабадт медийæн уыдзæн æхгæд», -расидтис Каха Къаладзе.
Журналисты фарсты фæдыл, цæмæн хъæуы хицауадæн ацы закъондæттæн ивæндзинад, Къаладзе дзуапп ратта.
“Мах нæ, бæстæйы уый хъæуы, цæмæй цы аразыс, уый ма суа хынджылæггаг. Æппæт тæрхондоны байхъуыстытæ циркæй скæн. Цы аразыс, уый æнæрхъуыды у. Уымæ гæсгæ, уынаффæ ист æрцæудзæн, куыд Европæйы бæстæты æмæ АИШ-ы.”