Сæйраг горæты мэр Каха Каладзе хуъсын кæны, цæмæй райгонд у дебаттæ кæй уыдзæн мэртæм алы кандидатимæ.
Каха Каладзе куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ иуæй-иуты фæндыд, цæмæй æрмæст цалдæр кандидатимæ ацыдаит дебаттæ, фæлæ уый уыдаит æнæцыт æндæр кандидатты æрдæм.
«Ме ‘ркуырд уыдис, цæмæй сеппæт 16 дæр кандидатимæ иумæ рæбадтаиккам æмæ нын уыдаит фадат, æхсæнадимæ фæныхас кæнын нæ æвзарæнон программæтыл. Фæныхас кæнæм, чи цы хъуыды кæны, куыд сæм кæсы горæты рæзынад, куыд хъавынц уыцы проектты сыххæст кæнын, кæцы Тбилисæн æнæмæнгхъæугæ у», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл Тбилисы мэртæм алы кандидаты æхсæн дебаттæ абон ацæудзæн. Ацы рæстгæмæ дебатты хайадыимæ сразы сты мертæм 16 дæр кандидаты.