Каха Каладзе – ныхæстæй, архæйдтытæй  бирæ  хатт равдыстам, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у  АИШ-имæ хæлардзинадмæ, стратегион æмгуыстадмæ, фæлæ уый  бæстæйы интересты хардзыл ма хъуамæ уа
Каха Каладзе – ныхæстæй, архæйдтытæй бирæ хатт равдыстам, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у АИШ-имæ хæлардзинадмæ, стратегион æмгуыстадмæ, фæлæ уый бæстæйы интересты хардзыл ма хъуамæ уа

Тбилисы мэр Каха Каладзе   медиаимæ ныхасы рæстæджы,  фæныхъас  кодта  АИШ-имæ  ахастытæ ногæй рацаразыны фæдыл æмæ райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстон цæттæ у  ахастытæ ногæй æркæсынмæ,  хæлардзинадмæ дæр, фæлæ  бæстæйы интересты  хардзыл – нæй.

Афтæма йæ дзырдæй,  стратгеион   партнертæй  конкретон   сидтытæ  æргомдзинады  закъоны æмæ  фыдгæнджыты ахæстонæй рауадзыны фæдыл нæрайсгæ  сты.

«Ныхас куы  цæуы  стратегион партнерадыл, категорионæй  нæрайсгæ у сайдæй зилын.  Æргомдзинады закъоны  уырыссагæй  схонын, нæрайсгæ у,  криминалыл куы дзурынц  ссæрибар дам сæ кæнут,  науæд та  Евроинтеграцийы фæндагыл уын куылымпыдзинæдтæ уыдзæн.  Æнæиухатт  райхъусын кодтам æмæ архæйдтытæй дæр сбæлвырд кодтам, цæмæй Гуырдызстоны хицауад   цæттæ у  хæлардзинадмæ, æмгуыстадмæ, фæоæ уый  ма хъуамæ уа  бæстæйы æмæ адæмы интересты хардзыл» – загхта Каха Каладзе.