Каха Каладзе, ног кæрдæггъуыз муниципалон автобустæ бавдыста [видео\фото]
Сæйраг сахары мэр Каха Каладзе Тбилисы цæрджытæн бавдыста ног 10 метры дæргъæн «МАN»-ы маркæйы муниципалон автобустæ. Ног автобусты презентаци ацыд Фыццаг Республикæйы фæзыл. Каха Каладзе абадтис иуæй-иу автобусы тæрæджы бынатыл.
Презентацийы уыд Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе.
Сæйраг сахары мэрийы бæрæггæнæнтæй, ацы аз автопаркмæ бамхас кæндзысты 90 ног автобусы.
Автобустæ нымад сты 82 бæлццоныл, æмæ дзы бадæн бынæтты нымæц у 27. Уыдон адаптиргонд сты амалхъомдзинад цух уæнгтæн – салоны ис специалон тыгъдад, кæцыйы арыт у специалон пандус, кæцы инвалидон коляскæйы схæцынæн хъæуы. Автобус ифтонггонд у хъармгæнæн системæйæ, кондиционерæй æмæ вентиляцийæ, кæцы арызт у специалонæй Тбилисы климатон уавæртæм гæсгæйæ.
Тбилисы мэри сбæлвырд кодта 10 маршруты, кæцытыл змæлдзысты ног автобустæ. Этапгай уыдон фæзындзысты ацы маршруттыл : N85, N95, N50, N55, N71, N3, N15, N33, N54 æмæ N79.