Каха Каладзе - нæ зæрдыл дарæм уыцы азтæ, акцитæ иу куыд ныссæстой æмæ амондæн, мах алцыппæт уый ивгъуыды фæуагътам
Дзыллæйы ноджы иу хатт бауырныдта, ома цы хъауджыдæрдзинад ис нæ хицауады æмæ рздæры хицауады æхсæн – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе, Руставелийы проспектыл айтынггонд фæзындтыл комментарийы рæстæджы загхта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг хæзна зæгъгæ у адæймаг æмæ йæ цард.
«Махæн алкæмæндæр сæйраг хæзна у адæймаг, адæймаджы цард, сегасæй сæйраг æнтыст 2012 азæй, у адæймаджы сæрибардзинад. Мах æцæгæй дæр амайæм демокративон бæстæ, кæцыйы цæрдзысты сæрибар адæймæгтæ. Знон акций кæй айхæлдис уымæ гæсгæ та зæгъдзынæн, цæмæй ай у иттæг нысаниуæгджын, уымæн æмæ акцийы параллелонæй, цыдис иннæ акйци æмæ тынг стыр тас уыдис, цæмæй ма æрцыдаит адæймæгты æхсæн быцæудзинад, кæцы категорионæй нæрайсгæ у махæн алкæмæн дæр» – райхъусын кодта Каладзе.
Тбилисы мэр бузныг загъта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариайæн, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийæн æмæ алкæцы полициагæн.