Каха Къаладзе – нæ хъуыды кæнын ахæм фарсылхæцындзинад цæрджытæй 2012 азы фæстæ, уый гаранти у, цæмæй къахдзæфтæ арæзт æрцæудзысты бæстæйы иу кæныны æрдæм, æххæст æрцæудзысты евроинтеграцийы алы хæслæвæрд
Фæнды мæ цæрджытæн раарфæ кæнон парламентон æвзæрстытæ æнтыстджынæй кæй ахицæн сты, уый тыххæй. Æвзæрстытæ ацыдысты сабыр уавæры, æппæт политикон партитæн дæр фадат уыд æвзарæн кампани ауадзынæн. Сæйрагдæр уый у, цæмæй æвзæрстытæ стабилон æмæ демокративон уавæры сырæзтысты, – уый фæдыл сæйраг сахары хицауады рабадтыл Тбилисы мэр, Каха Къаладзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, æвзæрстытæ ацыдысты ерысхъом æмæ сабыр уавæры.
«Мах ма фехъуыстам OSСЕ/ОDIHR-ы аргълæвæрд дæр, кæцытæ загътой, зæгъгæ, æвзæрстытæ уыдысты конкурентон. Нæ цæрджыты стыр хай, иу милуан æмæ 120 мин æвзарæджы равзæрстой бæстæйы сабырадон рæзт, сабырдзинад æмæ размæцыд. Уый «Гуырдзиаг Бæллиццыл» йæ ныфс расидтис. Бузныг уеппæтæн дæр уæ æнæпрецедентон æххуысы тыххæй. Нæ командæ ахæм политикæ æххæст кæндзæн, цыран бæстæйы националон интерес хъахъхъæд цæудзæн. Ахæм æххуыс 2012 азы фæстæ нал хъуыды кæнын. Мах банкъардтам уыцы æххуыс æнæхъæн кампанийы дæргъы. Ацы фарсылхæцындзинад гаранти у, цæмæй алы æртхъирæныл фæуæлахиз уыдзыстæм, экономикон рæзынад адарддæр уыдзæн, къахдзæфтæ арæзт æрцæудзысты бæстæйы иу кæныны æрдæм æмæ æппæт хæстæ æххæст æрцæудзысты евроинтеграцийы фæндагыл», – расидтис Къаладзе.