Каха Каладзе – «Картули Оцнебайæн» Уæрæсеимæ тахтытæ сног кæныны фæдыл бадзырдтæ нæ уыдис
Абон сегасдæр сæйраг æмæ нысаниуæгджын у сабырдзинад, территорион æнæхъæндзинады сног кæнын æмæ ацы фæндагыл «Картули Оцнеба» алцыппæт сараздзæн, – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.
Каладзе журналистты фарсты дзуаппæн куыд загъта афтæмæй, «Картули Оцнебайæн» ницы бадзырдтæ уыдис Уæрæсеимæ тахтытæ сног кæныны фæдыл.
«Путины фидиуæны диссаг уый уыдис æмæ ацы æнæвизæ змæлды æмæ тахтытæ сног кæнынмæ гæсгæ, уырнæг дæн уый æппæты расайæг уыдис, абон цы протест кæнынц, уыцы адæймæгтæ, кæцытæ знон комкоммæ куырдтой æмæ сидтысты Уæрæсемæ, уырыссаг æмбæстæгтæм, цæмæй æрцыдаиккой Гуырдзыстонмæ æмæ арызтаиккой бизнес ам.
«Картули Оцнеба» æмæ хицауад, кæй зæгъын æй хъæуы, не спротест кодтой тахтыты сног æмæ визæты аивд, уый иуфарсонæй санкциргонд фарста уыд æмæ Уæрæсейы Федераци рахаста уынаффæ ацы санкцитæ аивыны фæдыл. Уый у фадат, цæмæй æнæрмæст сурзæххон фæндагæй æрцæуой адæймæгтæ Гуырдзыстонмæ, кæнæ æрмæст Ереваны уылты, комкоммæ æртæхой æмæ уый мидæг æвзæр ницы ис. Афтæма уый, цæмæй гуырдзиагæн, Гуырдзыстоны паспортимæ уыдзæн фадат, æнæвизæ ацæуа Уæрæсейы Федерацимæ. Уый кæцыфæнды адæймагы аскуыддзагкæнинаг у æмæ уый мидæг дæр проблемæ ницы ис», – райхъусын кодта Каладзе.
Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы президент Владимир Путин райхъусын кодта – «афтæ мæм фæкастис, ома Гуырдзыстоны хицауад æнæиу хатт слæууын кодта визæты аивыны æмæ нормалон уæлдæфон змæлды сног кæныны фæдыл фарстатæ æмæ мах та фембæлæг къахдзæф сарызтам».