Каха Каладзе - «Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæ у оппозициимæ бадзырдтæм, цæмæй 2020 азы парламентон æвзæрстытæм, сегасæй зондджын æвзæрстгæнæн системæйыл æрныхас кæнæм
Каха Каладзе социалон хызаг «Твиттеры» Европарламентæн, Европайы Адемон Партимæ, Европарламенты Социал-Демократты къордмæ, афтæдæр америкаг сенатортæм Адам Кинзингермæ æмæ Джим Ришмæ баздæхт æмæ сын зæгъы цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» оппозициимæ бадзырдтæм цæттæ у.
«Парти «Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæ у оппозициимæ бадзырдтæм, цæмæй баххæстæуа бадзырд 2020 азы парламентон æвзæрстытæм, сегасæй зондджындæр æвзæрстгæнæн системæйыл» – фыссы Кахи Каладзе Социалон хызаг «Твиттеры».