Каха Каладзе - Давит Гареджийы фарстамæ гæсгæ, алы бæрнон орган кусы, проблемæ кæцыйæ алчи фæлмæцыдыстæм аскуыддзаг уыдзæн
Давит Гареджийы фарстамæ гæсгæ, алы бæрнон орган кусы, арызт цæуынц фембæлдтæ æмæ бадзырдтæ, – уый фæдыл Тбилисы мэр Къаха Каладзе загъта журналисттæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Азербайджан стратегион партнер у, кæцыимæ иумæ Гуырдзыстон бирæ нысаниуæгджын проект æххæст кæны æмæ Давит Гареджиимæ баст фарста æнæмæнгæй аскуыддзаг уыдзæн.
«Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрадтæ, алы бæрнон орган кусынц, Давит Гареджийы фарстайы тыххæй. Арызт цæуынц фембæлдтæ æмæ бадзырдтæ. Проблемæ, кæцы нæ алкæй хъыг дардта, аскуыддзаг уыдзæн. Азербайджан у стратегион партнер, иумæ æххæст кæнæм бирæ нысаниуæгджын проект æмæ ацы проблемæ дæр æнæмæнгæй аскуыддзаг уыдзæн», – райхъусын кодта Каха Каладзе.