Каха Каладзе – Цыппурсон эпистолæйы дзырæдуы наркополитикæйы тыххæй, кæцы у иттæг сенситивон æмæ нысаниугдзын ардæмад
Сæйраг сахары мер Каха Каладзе æхсæнадæн Цыппурсы бæрæгбон Самебайы кафедралон аргъуанæй раарфæ кодта.
«Арфæ уын кæнын абон бæрæгбон Æппæт Гуырдзыстонæн алы уыцы адæймагæн, абон Цыппурсы чи бæрæгбон кæны уый æппæтæн, бæрæгбон кæцы у царды, уарзондзинады, хæрзиуæгы, ныфсы бæрæгбон æмæ мах нæ уырнынадæй, нæ цардуагон æгъдауæй хъуамæ равзарæм уыцы фæндаг, кæцы Царддæттæджы фæндагмæ æмбæлон у» – банысан кодта Каха Каладзе.
Каха Каладзе, Патриархы Цыппурсон эпистолæйыл наркополитикæмæ гæсгæ разагъд хъуыдытæн аргъ скодта æмæ æнæниз цардуагы нысаниуæгыл фæныхас кодта.
«Æз цæттæ дæн, фæсивæдимæ иумæ баиу уон æнæниз цардуагы популяризацийы мадзæлттæм. Цыдæриддæр та реабилитацион центртæм æххæссы, уый дæр кæй зæгъын æй хъæуы нысаниуæгждын ардæмад у, æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, алчи иумæ бахъом уыдзыстæм наркотиктæй падйакæнынады проблемæйыл фæтых уын» – расидтис Сæйраг сахары мер.