Каха Каладзе – цæттæ дæн хайад райсон дыккаг туры æмæ уырнæг дæн, Тбилисæгты æххуысæй фæуæлахиз уыдзыстæм
Цæттæ дæн хайад райсон дыккаг туры æмæ уырнæг дæн, Тбилисæгты фарсхæцынæй æмæ æххуысæй фæуæлахиз уыдзыстæм – уый фæдыл сæйраг горæты мертæм кандидат Каха Каладзе, парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы лæвæрд брифнгы рæстæджы фехуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ цыт кæны æвзæрстгæнджыты фæндæн æмæ кæцыфæнды уынаффæйæн, кæцыйы Тбилисæгтæ сфиксир кæндзысты æвзарæнон фадыгыл.
«Тбилисы мэры сывзарынæн снысан уыдзæн дыккаг тур, уымæн æмæ фыццаг бынат бацахсынмæ нæкæсгæ, 50 процентон барьерыл нæ фæтых стæм. Нæ райдайдзынæн уыцы аххосæгты ранымад, цæй тыххæй æрлæууыд ахæм фæстиуæг, политикон процессы фæкарз, æндæр æмæ æндæр кандидатты æрдгæй хъæлæсты адих, æмæ бирæ æндæр, фæлæ зæгъдзынæн иу цыдæр, æз цыт кæнын æвзæрстгæнджыты фæндæн æмæ кæцыфæнды уынаффæйæн кæцыйы уыдон сфиксир кæндзысты æвзарæнон асыккы цур. Гæнæн ис æмæ дзы æз дæр цæмæй фæхъаджджын кодтон процесс, гæнæн ис кусыны процессы алы актуалон фарстæмæ нæ раздæхтон хъусдард хъæугæ бæрцæй, уый тыххæй курын хатыр, фæлæ ноджы иу хатт зæгъин, цæттæ дæн хайад расон дыккаг туры æмæ уырнæг дæн, тбилисæгты æххусæй фæуæлахиз уыдзыстæм» – райхъусын кодта Каха Каладзе.