Каха Каладзе - Æвзарæнон системæйыл исты ног инициативæ æркæсын нал хъавæм
Сидæм оппоненттæм, сæхи бацæттæ кæной æвзæрстытæм æмæ адæм сын сæ фарс кæй хæцынц, уый æвзарæнон системæйы æфсон ма кæнæт – уый фæдыл, партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» генералон нымæрдар, Каха Каладзе партийы офисы уагъд брифингыл райхъусын кодта.
«Æвзæрстытæ рамбулы, æвзарæнон системæ нæ фæлæ æхсæнады æууæнк. Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй 2012 азы мах растдæр ацы æвзарæнон системæйы уавæрты фæивдтам тыхмидзинадæй æмæ æнæхатрдзинадæй архаййæг режим, кæцы практиконæй æххæстæй контрол кодта политикъон процесстимæ баст алы институты æмæ инструменты.
«Националон Змæлды» сæйраг девиз – æлдариуæг кæнын кæцыфæнды аргъæй – æнæивгæйæ у. Уый тыххæй цæмæй иунæг æвзарæнон системæйы уавæрты дæр сын уæлахиздзинады ницы шанс ис, уыдон деструкци æрбаласынæй архайынц, тæрхондоны æртæ дæр инстанцийæ тæрхонмæ лæвæрд Саакашвилиимæ иумæ, хицауадмæ æрыздæхын. Цæй зæгъын æй хъæуы, ацы архайд дæр сын æнæнтыст уыдзæн.
Адæмы мобилизацийы ресурс сын кæй нæй уыцы фоныл – кæцы знон фæбæрæг – уыдон ныр аслам деструкцион перфоманстæй архайынц политикъон процесстæ сызмæнтын.
Мах уыдзыстæм максималонæй быхсаг. Фæлæ нæ бæлвырдæй зæгъын фæнды, цæмæй деструкцийы адарддæр кæныны цауы, хицауадмæ уыдзæн æмбæлон реагирдзинад.
Æвзæрстыты онг ма баззад 1 афæдзæй къаддæр. Уый тыххæй дæр нал хъавæм æвзарæнон системæмæ гæсгæ искæцы хуызы ног инициативæ æркæсын.
Æвзæрстытæ ацæудзысты архайæг конституцийæ бæрæг æгъдауæй, бæрæг æмгъуыдты, бæрзонддæр демокративон стандарттæй æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы тынг бæрзонд бастдзинадæй.
Уый тыххæй дæр сидæм оппоненттæм, сæхи бацæттæ кæнæт æвзæрстытæм æмæ адæм сæ фарс кæй нæ хæцынц, уый æвзарæнон системæйы æфсон ма кæнæт», – загъта Каха Каладзе.