Каха Каладзе Абхазы тыххæй – мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ бон бауыдзæн нæ кæрæдзи æрыздахын
Тбилисы мэр Каха Каладзе нымайы, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады прагматон политикæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнынæн у. Ацы фидиуæн Каладзе, Абхазы хæсты 31 азысæры фæдыл лæвæрд фарсты дзуаппæн райхъусын кодта.
«Тынг уæззау бон у Гуырдзыстоны историйы, хæст куы райдыдта æмæ фесæфтам территоритæ; ис нын бирæ фæмардуæвæг адæймаг – сабыр цæрджытæ æмæ æфсæддæттæ; райстам лигъдæттæй фестгæ нæ бæстæйы æмбæстæгты. Иу цыдæр мæ фæнды зæгъын, – уыцы прагматон политикæ кæцыйы Гуырдзыстоны хицауад «Картули Оцнеба – Демократон Гуырдзыстон» æххæст кæны, нысаниуæгджын у, цæмæй нæ кæрæдзийы æрыздахæм», – банысан кодта Каха Каладзе.
Афтæма йæ дзырдæй сæфт территориты æрыздæхт бæстæйы райрæзтæй, зондджындзинадæй æмæ экономикон размæцыдæй хъуамæ æрцæуа.
«Абон сегасдæр сæйраг æмæ нысаниуæгджын у бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын. Сæмбæлгæ нæу уыцы факт, цæмæй конституцийы фыццаг цы у фыст, у уый, цæмæй растдæр территорион æнæхъæнад сæндидзын кæнæм. Уый æппæт та хъуамæ саразæм хæст æмæ фыдзæрдæдзинадæй нæ фæлæ, райрæзтæй, зондджындзинадæй, ахуырадæй, экономикон размæцыдæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ нæ бон бауыдзæн, цæмæй æрыздахæм нæ кæрæдзийы», – райхъусын кодта Тбилисы мэр.