Кайя Каллас – Европæ фенын адæймаджы бар нæ фæлæ привилеги у, афон у, Уæрæсейæ туризм бауромын
Европæмæ балц кæнын, адæймаджы бар нæ фæлæ привилеги у, афон у буаромын туризм Уæрæсейæ – фæнысангонды фæдыл Эстонийы премьер-министр, Кайя Каллас фыссы «Твиттеры» сæрмагонд фарсыл.
«Буромут уырыссæгтæн туристон визæтæ дæттын. Европæйыл цæст ахæссын адæймаджы бар нæ фæлæ привилеги у. Уæлдæфон дыууæрдæр змæлд Уæрæсейæ æхгæд у. Уый та нысан кæны, ома цалынмæ Шенгены бæстæтæ дæтдзысты визæтæ, уæдмæ уæз уыдзæн Уæрæсейы сыхæгтыл (Финлянди, Эстони, Латви –иунæг рацæуæнтæ сты). Афон у Уæрæсейæ туризм бынтон бауромын ацытæккæ» – фыссы Эстонийы премьер.
Банысанкæнинаг у уый, æмæ ныгуылæны бæстæтæм, Уæрæсейы æмбæстæгтæн арæнтæ æрыхгæнынмæ æрсидтис Володимир Зеленски дæр. Зеленскийы фидиуæнæй, « Уырыссæгтиæ хъуамæ цæрой сæхи сæрмагонд дунейы, цалынмæ философи нæ фæивдзысты уæдмæ».