Юстицийы хæдзар - куысты фæкуылымпыйы тыххæй, цæттæ документты райсын гæнæн ис мобилон юстицийы хæдзары микроавтобусты, Варкетилийы æмæ Глданы юстицийы хæдзæртты
Тбилисы централон юстицийы хæдзары кусæн процессы фæкуылымпыйы тыххæй цæттæ документты райсын гæнæн ис 17:00 сахатæй Тбилисы централон юстицийы хæдзары автолæууæныл уæвæг мобилон юстицийы хæдзары микроавтобустæй, – уый фæдыл банысангонд у Юстицийы хæдзары фидиуæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, лæггад райсын, афтæдæр гæнæн ис Варкетилийы æмæ Гланды юстицийы хæдзæрттæй.
«Тбилисы Юстицийы хæдзары, рæмудзæн буарады уæвыны фæдыл анонимон хъусинагы бындурыл эвакуаци сыххæст ис.
Фæнысангонд информаци æнæаргъæвгæйæ лæвæрд уыд Æхсæнадон æдадсзинады фæткдæттæг центр 112-мæ.
Протоколы фæткæвæрдмæ гæсгæйæ, æнæаргъæвгæйæ сыххæст ис кусджыты эвакуаци бæстыхайæ фæхицæнгонд æдас бынæттæм.
Кусæн процессы сногы фæдыл, уæлæмхас информаци публикацигонд уыдзæн Юстицийы хæдзары официалон фейсбукфарсыл. Хатыр уæ курæм сырæзт дискомфорты тыххæй», – банысангонд у фидиуæны.