Юридикъон комитет наркополитикæйы либерализациимæ баст закъондæттæн ивындзинæдтыл, цæугæ къуырийы нæ фæуынаффæ кæндзæн
Гуырдзыстоны парламенты юридикъон фарстыты комитеты наркополитикæйы либерализациимæ баст закъондæттæн ивындзинæдтыл уынаффæ цæугæ сессион къуырийы нæ сырæздзæн – уый тыххæй Фыццаг Къаналæн парламенты æнæнизхъахъæды комитеты сæрдар Акакий Зоидзе фехъусын кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ парламенты бюройы абоны рабаддтыл фæуынаффæ кæндзысты уый фæдыл,ц æмæй кæд сырæздзæн юридикъон фарстыты комитеты ивындзинæдты фыццаг хъусынæй æркаст.
Акакий Зоидзейы информацийæ, наркополитикæйы либерализацимæ гæсгæ цæттæ закъондæттæн пакетмæ гæсгæ знон Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилиимæ сырæзт фембæлд, фæлæ ивындзинæдты фарсхцджыты æмæ ныхмæлæуджыты æхсæн хъуыдыты сразы кæнын нæ бантыст.
Æнæнизхъахъхæды комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ фæнысангонд фембæлдыл уыдысты куыд парламентон фылдæрты уæнгтæ, афтæдæр æххæстгæнæг хицауады минæвæрттæ.
Парламенты наркополитикæйы либерализацимæ гæсгæ закъондæттæн ивындзинæдты иницирдзинад сырæзт ивгъхуыд афæдзы, фæлæ проектæн фыццаг кастæй йæ фарс рахæцыд æрмæстдæр æнæнизхъахъхæды комитет.
Ивындзиндты ныхмæ сты «консерватортæ», кæцытæ бæстæйы 90-æм азты практикæйы кой кæнынц æмæ дзурынц, цæмæй Гуырдзыстоны нал æруадздзысты уыцы уавæр, кæцы сæ ныхасмæ гæсгæ, наркопайдакæнынады цæстæнгасæй ис Голландий æмæ Португалийы.