Гиорги Квирикашвили –наркопайдагæнджыты æрдæм  паддзахад  хъуамæ  уа гуманон,  фæлæ бынтон æнæхатыр  наркореализаторты æрдæм
Гиорги Квирикашвили –наркопайдагæнджыты æрдæм паддзахад хъуамæ уа гуманон, фæлæ бынтон æнæхатыр наркореализаторты æрдæм

Паддзахад  уыдзæн  тынг хъæддых  æмæ  нæсæттон  наркотрафикы æрдæм,   наркотикты  реализатортæм гæсгæ –  уый фæдыл   Гуырдызстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили  хицауады   абоны рабадтыл райхъусын кодта.

«Фæнды мæ банысан кæнын, мидхъуыддæгты  министрады  иттæг позитивон  куыст, сæрмагондæй  та фæстаг  къуыриты  дæргъы, наркореализаторты æрдæм.  Хъыгагæн,  уыдис нын   цалдæр  цауы,  кæцыты  рæстæджы,   фæцух стæм æрыгонтæй ацы æнамонддзинады  тыххæй. Фæнды мæ  алчидæр зона, цæмæй  паддзахад  удызæн  тынг хъæддыг æмæ   нæсæттон   наркотрафикъы æрдæм,   наркотикты  реализаторты æрдæм. Фæнды мæ  бузныг зæгъын мидхъуыддæгты министрæн æмæ   йæ балæн  цы  куыст сæххæст кодтой  уый  тыххæй» – загхта премьер-министр.

Афтæма   йæ ныхæстæм гæсгæ,   фæнысангонд   æнамонд  цаутæ   бæрæг уæнгтæ  наркотикты тыххæй  ног закъондæттынады  райстимæ сбастой кæцы  æнæраст у зæгъгæ.

«Афтæдæр мæ фæнды  зæгъын, цæмæй  хъыгагæн,  ацы æнамонд  цаутæ  адæймæгтæ сбастой    наркотикты тыххæй   ног закъондæттынадимæ,   кæцытæн   абсолютонæй  ницы иумæйаг ис.  Юстицийы  министрады  базæйыл уæвæг   æхсæуагдонон    къорд, кæцыйы баст сты  хицауады,  парламенты,  æнæхицауадон  организациты  минæвæрттæ,  фæуд кæны   кусын закъондæттæн  ивдытытыл,   кæцытæ  иуы æрдгæй,   здæхт уыдзæн уыцы æрдæм, цæмæй паддзахад  фылдæр конкретон æмæ  дырыс, æнцонæмбарæн  уавæр саразын  пайдакæнынмæ гæсгæ,   цы  дозæтæ ис,  кæцытæ  пайдакæнынмæ  æххæссынц,   æмæ кæцы дозæтæ  та  нымадмæ ист цæуынц   куыд реализацийæн  афтæ,  куыд фæбæрæг вæййы  реализацийы   фактытæ,  цы механизмтæ æвзæрын кæны  паддзахад, псиохо-социалон  реабилитацийы  æрдгæй æмæ а.д.» –  райхъусын кодта  премьер.

Афтæма,  йæ ныхæстæм гæсгæ,  пайдагæнджыты æрдæм   падздахад хъуамæ  уа фылдæр гуманон, фæлæ   иннæрдгæй,  паддзахад  хъуамæ уа  æнæхатр   реализаторты æрдæм.

«Цæй  зæгъын æй  хъæуы,   пайдагæнджыты, уыцы  адæймагæт ы æрдæм,    кæцытæ  ацы уæззау   рынæй  фæнизджын сты, паддзахад хъуамæ  уа   гуманон, фæлæ  иннæрдгæй та,  паддзахад  хъуамæ  æххæст кæна æнæхатыр политикæ  реализаторты æрдæм.  Мах   абсолютонæй   дырыс  æрвитæггаг  хъуамæ  арвитæм    наркореализатортæн,   ома  ацы  хъуыддагимæ   кæй  никуы   бафидаудзыстæм уый  фæдыл» –  райхъусын кодта  премьер-министр Гиорги Квирикашвили.