Гиорги Гахариайы  æмæ  «Урс Уынæры Змæлды» æхсæн бадзырды  домæнтыл кусын абон райдайдзæн
Гиорги Гахариайы æмæ «Урс Уынæры Змæлды» æхсæн бадзырды домæнтыл кусын абон райдайдзæн

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министр Гиорги Гахариа  æмæ   «Урс Уынæры Змæлды»  минæвæртты  æхсæн  бадзырды  домæнтыл  кусын абон  райдайдзæн.

Знон æхсæвы Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ «Урс Уынæры  Змæлды»  иуæй-иу лидер, Бека  Цъикаришвили  куыд дзырдта афтæмæй, абон  10:00  сахатыл  æрксдзысты министримæ иумæ   майрæмбоны  æхсæвы  фæзындты.

«Уый цæттæ у, зуаппмæ ратта уыдоны, чидæрриддæр йæ æххæстбарты сæрты  ахызт»-  загъта Бека Цъикаришвили.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,    уыдон райстой  дзырлæвæрд  цæмæй  сног  уыдаит наркополитикæйыл кусын.

Министр акцийы  хайадисджытæн баныфсвæрдта,   цæмæй   абоны  фембæлдыл  уыдонимæ иумæ   афæлгæсдзæн зæгъгæ  майрæмбоны  боны  алы   минуты.

Мидхъуыддæгты  министр   хатыр ракуырдта   акцийы  хайадисджытæй  æмæ сæм æрсидтис  уыдон дæр  ракурой  хатыр  уыцы полициæгтæй,  кæцыты дæр бафхæрдтой.

«Алы  уыцы адæймаг, кæцытæ  дæр иумæ  æрныхас кæндзыстæм  цæмæй  йæ бартæ  саст фæцыдысты,   цæй  зæгъын æй  хъæуы  йæ бартæ  ногæй  арæзт æрцæудзысты.  Афтæдæр уын дзырд дæттын, цæмæй  мах конкретон фæстиуæг райсдзыстæм  наркополитикæйы æрдæм.

Афтæма,   разы  стæм  уыйимæ,  цæмæй  кæд ацы  ныфсæвæрдтæ  нæ  сæххæст уыдзысты, уæд нæм  кæддæриддæр ис  фадат, ацы  сæрибар сахары,  сæрибар парламенты раз  афтæ  æрымбырд уæм, æмæ фæнды  кафгæ  кæнæм  фæнды заргæ» –  райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,    алкæцы  æмбæстагы  æдасдзинад æмæ   æнæниздзинад  сегасæй  ахсджиаг дæр у зæгъгæ.

«Фæнды мæ  ракурон уæ,   бакоммæ кæсут  полицийы  амындтæм,  цæмæй  бахъахъхъæнæм  нæхи æмæ  не æмбæстæгты  æдасдзинад, уый у  принципонæй  нысаниуæгджын.  Æндæр цауы  та, алы дыккаг  æмæ æртыккаг гъæды  рард,  фæнды фыццаг дæр уæт,  кæцыйыл  фæныхас кодтам, уыдзæн  бынтон ницæйаг уымæн æмæ   алы  æмбæстагы  æдадсзинад æмæ æнæниздзинад  у  сегасæй  нысаниуæгджындæр æнæкæсгæ  йæ ориентацимæ, динмæ кæнæ кармæ» – расидтис Гиорги Гахариа.

МХ министримæ  фембæлды фæстæ  «Урс Уынæры  змæлды»  акций айхæлдис.